Фæсарæн хуъыддæгты министры хæдивæг  фембæлдис Женевæйы æхсæнадæмон  бадзырдты æмсæрдаримæ
Фæсарæн хуъыддæгты министры хæдивæг фембæлдис Женевæйы æхсæнадæмон бадзырдты æмсæрдаримæ

Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министры хæдивæг  Лаша Дарсалиа  фембæлдис Хуссар Кавказы  æмæ Гуырдзыстоны кризисты фарстаты  Евроцæдисы  специалон минæваримæ, Женевæйы  æхсæнадæмон бадзырдты æмсæрдар, Тоиво Клааримæ. Информаци хъусын кæны  Гуырдызстоны фæсарæн хъуыддæгты министрад,

Уагдоны хъусинагæй, фарсытæ  аргъ скодтой 2020 азы  декабры  ацæугæ  Женевæйы  æхсæнадæмон бадзырдты 51-æм раундæн æмæ деталонæй æркастысты  оккупацигонд Гуырдзыстоны  территоритыл уæвæг æдасдзинады, гуманитарон æмæ адæймаджы барты  æрдгæй  уæвæг  вазыгджын уавæр.

Министры  хæдивæг  специалон  минæварæн бавдыста информаци Уæрæсейы  фæстагрæстæгон провокациты фæдыл.  Йæ хъусдард  сцырын кодта  Гуырдзыстоны æмбæстæгты æнæзакъонон  æрцахстты  факттыл, оккупацион хаххыл  тел-æмбондты  æмæ æндæр аразгæ  барьерты  монтаж кæныны æрдæм, уæгъдибар змæлд арæнскæныны æмæ  медицинон  эвакуацийы  куылымпыдзинадыл, кæцыйы  амæттаг  æнæ иу  адæймагы цард ссис Ахалгоры районы, афтæ куыд  гуырдзиæгты  этникон дискриминацийыл. Министры  хæдивæг  бахахх кодта  Уæрæсейы  оккупацион  тыхты ахст Гуырдзыстоны  æмбæстæгты  æнæаргъæвгæйæ  ссæрибар кæныны, афтæдæр Давит  Башарулийы, Гига Отхозориайы  æмæ Арчил Татунашвилийы  марындзинады хъуыддæгтыл расттæрхон сæххæсты æнæмæнгхъæуындзинад. Сæрмагонд акцент  арызт æрцыд  Уæрæсейы  Федерацийы  æрдгæй  фæактивонгонд  анексион  процесстыл.

Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрады информацийæ,  фембæлдыл  карзæй æвæрд æрцыд  Галы  инциденттæ маруадзыны механизмты (IPRM)  цыфæнды разæууæлттæй  сног кæныны  æмæ Эргнеты  фæнысангонд  механизмты регуляронæй, бындурдæттæгон  принциптæм æмбæлгæйæ  скусын кæныны æнæмæнгхъæуындзинад.