Фæсарæн хъуыддæгты министрад – Ингурыл рахизыны рæстæджы Гуырдзыстоны æртæ æмбæстагы мæлæты факт у  Уæрæсйеы  æнæзаконон оккупацийы радон иттæг уæззау  адæймагон аргъ
Фæсарæн хъуыддæгты министрад – Ингурыл рахизыны рæстæджы Гуырдзыстоны æртæ æмбæстагы мæлæты факт у Уæрæсйеы æнæзаконон оккупацийы радон иттæг уæззау адæймагон аргъ

Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрад цæугæдон Ингуры  рахизыны рæстæджы оккупацигонд  территоритыл цæрæг Гуырдзыстоны æртæм æмбæстагы мæлæты  фæдыл  фидиуæн  ахæлиу кодта.

«Гуырдзыстоны æртæ æмбæстаг, Уæрæсейы  оккупацион режимæй  уагæвæрд  дискриминацион  мадзæлтты,  оккупацион хаххыл сæрибарæй  змæлды тобæйы  уавæрты, æнæзаконон  æрцхстæй  хи аиуварс кæныны нысанæн архайдтой Гуырдзыстоны  хицауады контролгонд  территоримæ рахизын,  кæцы фаталон фæстиуæгæй  фæцис.

Фæнысангонд у  Уæрæсейы æнæзакъонон оккупацийы  иттæг уæззау адæймагон аргъ æмæ цæстæйуынгæ кæны Абхазы æмæ  Цхинвалы регионты цæрджыты    æнæбафæразгæ   цæрæн уавæртæ  æмæ  бынатыл  æдасдзинады æмæ гуманитарон  цæстæнгасæй  цы уæззау  уавæр ис уый», – дзырдæуы  фидиуæны.

Фæсарæн хъуыддæгты министрад  скусын кодта цы дипломативон мæцъистæ йæм ис уый æппæт, цæмæй  фарст æвæрд æрцæуа  сегасдæр бæрзонд æмвæзыл  алы  æмбæлгæ  æхсæнадæмон форматы.

«Абоны трагикон  факт  нырид каст æрцыд  министры фембæлдыл  Евроцæдисы  специалон  минæваримæ Хуссар Кавказ æмæ  Гуырдзыстоны  кризисы фарстæты,  хъуыддаджы  курсы  сты  Женевæйы  æхсæнадæмон дискусситы  æмсæрдæрттæ  æмæ Евроцæдисы цæстдарæг мисси,  активаци скодтам   тæвд хахх, информаци  лæвæрд цæуы  алы æхсæнадæмон  организацитæм æмæ нæ   партнертæм.

Гуырдзыстоны  алы амæлттæй архайдзæн, цæмæй  фæстагмæ фæуа  бынатыл уæвæг  æнæзаконон оккупаци, урæд æрцæуа   оккупацигонд территоритыл  адæймаджы барты  састы факттæ æмæ бынæттон цæрджытæм  лæвæрд уа сæрибарæй  змæлды фадат», – дзырдæуы   министрады фидиуæны.

Хъæу  Шамгонайы  цур  ирвæзынгæнджытæ цæугæдон Ингурæй  систой  æртæ мардыбуар.  Ноджы ма дарддæр кæны   иу  адæймагы  агуырæн-ирвæзынгæнæн амæлттæ.  Уæвæг информацийæ,   æмбæстæгтæ  оккупацигонд  хъæу Тагилонæй  Шамгонамæ, цæугæдон Ингуры  уылты  рахизын архайдтой.