Фæсарæн хъуыддæгты министрад – Ацы рæстæджы бæрæггæнæнтæй, Индонезийы  зæххæнкъуысты  фæстиуæгæн  зианбаййафджыты æхсæн гуырдзиæгтæ нæй
Фæсарæн хъуыддæгты министрад – Ацы рæстæджы бæрæггæнæнтæй, Индонезийы зæххæнкъуысты фæстиуæгæн зианбаййафджыты æхсæн гуырдзиæгтæ нæй

Индонезийы æрцæугæ  7 баллы  хъомысы   зæххæнкуысты фæстиуæгæн  ацы  рæстæджы  бæрæггæнæнтæй,  гуырдзиæгтæй  зиан  ничи баййæфта,  нæдæрæ  æххуысгурæг  басидтис  минæварадмæ – уый фæдыл  Фыццаг Къаналæн  Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрады фехъусын кодтой.

«Минæварад  æмæ минæвар Ираклий  Асашвили  зæххæнкъуысты  моментæй,  иудадзыг контактыл  сты  Балийыл уæвæг  гуырдзиæгтимæ.  Ацы  этапыл  зианбаййафæг ничи ис.  Минæварад  афтæдæр  æнæаскъуынгæ контактыл ис  æмбæлон куыстытимæ»- хъусын кæнынц  ФХМ-ы.

Индонезийы сакъадах  Ламбокъыл  абон æрцыд  7,0  магнитудæйы  хъомысы  зæххæнкуыст.  Бынæттон  медийы  хъусинагæй,   расидтæуд  цунамийы  тас дæр.