Фæрнæйдзаг  Рухсы  æрцыдмæ чи фæцæуæг уа уыцы  æмбæстæгтæн специалон фидиуæн хæлиу кæны Гуырдзыстоны минæварад Израилы
Фæрнæйдзаг Рухсы æрцыдмæ чи фæцæуæг уа уыцы æмбæстæгтæн специалон фидиуæн хæлиу кæны Гуырдзыстоны минæварад Израилы

Израилы Гуырдзыстоны минæварад, 27  апрелмæ  Хуыцауы райгасы  аргъуанмæ  Фæрнæйдзаг  Рухсы  æрцыдмæ чи фæцæуæг уыдзæн, уыцы  æмбæстæгтæн специалон фидиуæн хæлиу кæны.

Фидиуæны куыд у банысангонд афтæмæй, мингай  кувæг  ацæудзæн  Фæрнæйдзаг  Рухсы  æрцыды церемонимæ  дунейы æндæр æмæ æндæр бæстæтæй, сæ нымæцы  уыдзысты  официалон делегацитæ дæр.

Израилы   Гуырдзыстоны минæварады информацийæ,   æрвылазонæй,  Израилы  полици  Фæрнæйдзаг  Рухсы  æрцыды церемонйы рæстæжэы, æдасдзинады  мадзæлттæ фæкарздæр кæны.

«Ацы бонмæ  алы  æмбæстагмæ,  кæцы нæфæразон у, æнхъæлмæ кæсинаг   адæмы  æмбырды тыххæй, рекомендиргонд у  сæхи  бауромой  Хуыцауы райгасы  аргъуамæ  ацæуынæй.  Уыцы   уæнгтæ  кæцытæ,  хайад райсдзысты   Фæрнæйдзаг  Рухсы  æрцыды церемонийы, хъумæ бакоммæ кæсæт  полицийы  фыццаг   амындмæ  бынативды  фæдыл. Æнæруадзгæ  у   уыцы уæнгтæм фæбыцæу, кæцытæ хæсджы сты  аргъуаны æмæ  уымæ  бацæуæн фæндæгтыл  сæрфад хъахъъхæнын.

Зæрдыл бадарын хъæуы  афтæдæр уыцы  аууæл, цæмæй  æмбæстагы æрдгæй,   зæгъæм   куырдиаты  тоонæй  фæстæмæдзырд, гæнæн ис нымадмæ ист æрцæуа   барадхъахъъæнæг органнмæ быцæудзитнадæй  æмæ уый тыххæй  дæр,   адæмы  æмбырды  тыххæй  æмæ фæткæвæрд  æрфидар кæныны нысанæй,  гæнæн ис  спайда кæной  тыхæй.

Æнæмæнгхъæугæ у, алы æмбæстаг  йæхи урома  аргъуанархайæг  уæнгтимæ быцæудзырдæй, кæцыты функцитæм  цæуы  аргъуаны  сæрфад хъахъæнын.

Æмюæстæгтæ  сæхи хъуамæ  бауромой  Йерусалемы   зæронд  сахары а.х.  специалон  «браслеттæ)  – аргъуанмæ  бацæуæн  æвдисæндæрттæ   балæхдæй.  Йерусалемы   полицийы   кусджыты æрдгæй  ахæм  типы  мæнг «браслеттæ» кæмæ учыдзæн, уыцы  уæнгты  раддæдуар кæндзысты  Хуыцауы райгасы  аргъуанæй.

Уыцы цауы, кæд æмæ æмбæстаг   фæдзæгъæл ис  зæронд сахары,  уæд æнæаргъæвгæйæ  хъуамæ  фехъусн кæна полицийæн  телефонон номырыл  +972 26226100 ( полицийы  кусæг æй  бахизын кæндзæн  æввахсдæр полицийы  хайадмæ)  æмæ  уырдыгæй  фехъусын кæна  Гуырдзыстоны минæварады   консулады   куыстæн.

Æппæт уыйимæ иумæ зæрдыл бадарын хъæуы, цæмæй  визон   æмæ  æндæр  хузыы  арæныл ахизыны  домæнтæ тынг  зынвадат сты.  Бабæрæг кæнут, цæмæй    балцы  размæ   хорз æрзонгæ стут  Израилы  эмиграцион  политикæимæ.  Израилы  бæрæгбонты æмæ  уалдзæгон туристон  сезоны бонты зæрдыл даргæйæ,  цæмæй   уæ бахъæудзæн уæлæмхас рæстæг, цæмæй  ацæуат æдасдзинады  контроль   аэропорты. Ацы периоды  Израиль  карздæр кæны  æдадсзинады  мадзæлттæ» – банысангонд у  фидиуæны.

Уæлæмхас информаци Израилы  арæныл ахизын æмæ æндæр фарстаты фæдыл,  бакæсут дæнцыл.