Фæбæрæг ис Евроуынынады  зарæджы  2019 азы  конкурсыл,  официалон жюри Гуырдзыстонæй
Фæбæрæг ис Евроуынынады зарæджы 2019 азы конкурсыл, официалон жюри Гуырдзыстонæй

Евроуынынады  зарæджы  2019 азы  конкурсыл  Гуырдзыстоны  официалон жюри фæбæрæг ис.

Æхсæнадæмон жюрийы  200 уæнгимæ  иумæ, Гуырдзыстоны номæй  баллтæ  ныффысдзысты  Хатуна Къоберидзе,  Ладо Тъатъишвили, Марико Лежава, Борис Шхиани æмæ  Леван Абшилава.

Жюрийы  уæнгтæ   конкурсанттæн   цыппар  сæйраг  аспектæй  скæндзысты  аргъ:  вокал, перфоманс, зарæг æмæ номырæй æмтгæйон  тæлмæн.

Жюрийы  алкæцы уæнг  алы  бæстæйæн аргъ кæны, хисæрмагонд бæстæйæ дарддæр.

Статистикон  бæрæггæнæнтæй 2019  азы  Евроуынынады  зарæджы  конкурсы  сегасæй   æвзонг-  16 аздзыд   жюрийы  уæнг у Мальтæйæ,  æрмæст сеппæтæй   асджын та  -82 аздзыд Хорватийæ.  205  уæнгæй  жюрийы  астæуккаг кар  41 аз у.  Евроуынынады  зарæджы  2019  азы   конкурсы   хайадисджытæн, 96 сылгоймаг æмæ  109  нæлгоймаг  скæндзысты  аргъ.

Евроуынынады   зарæджы   конкурсыл  жюрийы  роль 50%-он у  æмæ уый  телекæсджыты хъæлæстимæ иумæ   бахыгъд вæйы.