Фади Эл Абдалла  - Уæрæсе, æмæ де факто  хицауадтæ  æмкуыст нæ кæнынц прокуратурæимæ, Фату Бенсуда  цæттæ у, уырдæм ныццæуа
Фади Эл Абдалла - Уæрæсе, æмæ де факто хицауадтæ æмкуыст нæ кæнынц прокуратурæимæ, Фату Бенсуда цæттæ у, уырдæм ныццæуа

Уæрæсе, æмæ де факто  хицауадтæ  æмкуыст нæ кæнынц   прокуратурæимæ,  Фату Бенсуда  цæттæ у, уырдæм ныццæуа,  кæд нын исты æххуыс  уыдзæн уæд –   уый фæдыл   Гуырдзыстоны Гаагæйы   тæрхондоны  делегацийы  минæвар,   Фади Эл Абдалла   абон  уагъд пресс-конференцийыл  райхъусын кодта.

«Мах æнæиу хатт банысан кодтам, цæмæй   тугтæрхоны  барады   æхсæнадæмон   тæрхондоны  прокурортимæ конфликты  баст алы  фарсы  æмгуыстад уыдзæн пайдаджын, уымæн  æмæ   уымæй  сæм алкæмæ дæр фæзындзæн фадат, сæрмагонд позици æмæ блвырдгæнæнтæ  бавдисын,   кæцытæ сæм гæнæн ис  æмæ уа. Пайдаджын уыдзæн уымæн, цæмæй   сырæза  æххæст ныв,  цæмæй  реалонæй цы æрцыд  æмæ чи у бæрнон.   Фæлæ хъыгагæн,  прокуратурæйæ  арызт æнæ иу  сидтмæ  æнæкæсгæ,   Уæрæсейы  хицауад æмæ де факто   хицауадтæ   прокурортимæ  æмкуысткæнын  разы не сты.  Фаут Бенсуда  иудадзыгæй  фæлхатт кæны,  цæмæй цæттæ стæм зæгъгæ  æмгуыстадмæ, кæд æмæ уыдон  бирæ  æргом дæр уыдзысты. Фæлæ уыцы  факт,  цæмæй  искæцы  фарс æмкуыст нæ кæны,  аскъуынын  кæндзæн    прокурортæн  сæрмагонд фæдæвзарын уагъд, уымæн æмæ фæдагуырд  саразыны  цалдæр  фæндаг ис æмæ  ис бæлвырдгæнæнты  хъауджыдæргонд  хуызæгтæ, кæцыты   раиртасын  хъом у  прокуроры офис, комментаритæ, аудио-визуалон  æвдисæндзырдтæ æмæ æндæр», –  банысан кодта Фади  Эл Абдалла.

Йæ ныхæстæм гæсгæ,  ис  фæдагуырды  бирæ фæндаг, кæцытæ  æнæмæнгæй нæ домынц  æмкуысткæнынады   ахæм æмвæзад.

«Афтæмæй цæуы  фæдæвзарæн.   Хъыгагæн,  мах ницы  зæгъын хъом стæм  фæдагуырды тыххæй, уымæн æмæ уый   хъуамæ уа  конфиденциалон. Нæ куысты  æндæр   хай  рухсдзыд у, фæлæ фæдагуырд   йæхæдæг у конфиденциалон, уæдмæ цалынмæ   хъуыддаг  тæрхонон  прогрессмæ не рцæудзæн  æмæ уæд  сымахæн уæ бон бауыдзæн    фенын ацы  фæдагуырды фæстиуджытæ»,  – бафтыдта ма  Фади Эл Абдалла.