Евроуынынады официалон  ютубфарсыл, Торникэ Хъипианийы  зарæг, æхсæз бонмæ, æрымбырд кодта 517 000-йæ  фылдæр æркаст
Евроуынынады официалон ютубфарсыл, Торникэ Хъипианийы зарæг, æхсæз бонмæ, æрымбырд кодта 517 000-йæ фылдæр æркаст

Евроуынынады  официалон веб-фарсыл  Торникэ Хъипианийы  зарæг, æхсæз  бонмæ,  517 000-йæ  фылдæр æркаст  æрымбырд кодта.  Видео  ацы  рæстæгмæ   18 000 – фылдæр «лайк» ис. Гуырдзыстоны та Ютубыл  фæнысангонд  видео, трендты  æхсæн лæууы  æмæ   æртыккаг бынат ахсы.

Букмейкерты  веб-фарсыл  Гуырдзыстон  41  бæстæйы æхсæн нырма 14-æм бынатыл ис.

Евроуынынадыл   Гуырдзыстоны минæвар,  Торникэ Хъипианийы   зарæгы – Take Me As I Am  æмæ видеойы  презентаци, Гуырдзыстоны  Фыццаг Каналы  сæумæрайсомы алæвæрд  «Ахали Дгъейы» эфиры  3  марты ацыд.

Зарæджы æмæ тексты  автор  у  йæхæдæг зарæггæнæг.  Зарæджы  аранжировкæйыл  Торникэ Хъипиани  фæкуыста  Алэко Бердзенишвилиимæ иумæ,  кæцы   Марико  Лежаваимæ  иумæ сты  йæ бек-вокалисттæ.

Евроуынынады  зарæджы 65-æм  конкурсæн, 12, 14 æмæ 16 майы, сфысым кæндзæн Роттердам.  Гуырдзыстоны  минæвар  конкурсыл  кæсджыты раз  рацæудзæн  14  майы.