Евросоветы парламентон ассамблейы Гуырдзыстоны, Украинайы, Эстонийы, Латвийы æмæ Лиетувæйы  делегацитæ, Уæрæсейы  ныхмæ иумæйаг  фидиуæн ахæлиу кодтой
Евросоветы парламентон ассамблейы Гуырдзыстоны, Украинайы, Эстонийы, Латвийы æмæ Лиетувæйы делегацитæ, Уæрæсейы ныхмæ иумæйаг фидиуæн ахæлиу кодтой

Евросоветы парламентон   ассамблейы  Гуырдзыстоны, Украинайы, Эстонийы, Латвийы æмæ Лиетувæйы   делегацитæ   иумæйаг  фидиуæн æрцæттæ кодтой.   Уый  фæдыл   информацийы,   ассамблейы   Украинайы   делегацийы  къухдариуæггæнæг  Елизавета Ясько хъусын кæны.

Украинаг депутат  куыд банысан кодта афтæмæй,   фондз бæстæйы  делегацитæ  æрныхас  кодтой   Евросоветы   парламентон  ассамблейы  иугæндзон  къорд «Балтик плюсы»  саразын.

Фæнысангонд  къорды   нысан у, Хъырымы  анексийы  политикъæ банымайын, Уæрæсейы  æрдгæй  Хъырымы, Украинайы   скæсæн  хайы,  Гуырдзыстоны æмæ  Молдовæйы  оккупацийы   бафауын у.  Яськойы   фидиуæнæй,   къорды   радон фембæлд  Киевы ацæудзæн.

«Евросоветы 70-æм азы  сæрыл,  уынæм, цæмæй  ацы  институты  стандарттæ æмæ аргъдзинæдтæ   серьозон  тас раз лæууынц, парламентон ассамблейы  авторитет та фæлæмæгъ ис», – банысангонд у фондз бæстæйы  делегациты  иумæйаг   фидиуæны.

Фидиуæны мидæг дзырдæуы,  цæмæй  70 азы  дæргъы, евросовет баиргъæвдта  милуангай  адæймаджы  бартæ  æмæ   хъæддыхæй   сæ  сæр хæцыд  уыцы  хæзнатæн,   кæцыты  тыххæй  дæр  сæвзæрд ацы  организаци.

«Хъыгагæн  2019  азы  июн банысан кæнинаг у  æндæр дуг райдаынæй.   Сæрды   сессийыл Евросоветы  парламентон ассамблей  райста  резолюци, 2  292,  кæцымæ гæсгæйæ, æнæдомæнтæй  сног кодта  Уæрæсейы делгацийæн  хъæлæсы бар  æмæ æндæр   процедурон бартæ.   Уымæй  евросоветы  парламентон ассамблей  йæ  цæст бацъынд кодта  адæймаджы  барты  хæлдыл, скъæфтытыл,  территоритæ æнæзакъонон оккупацийыл æмæ анексийыл,  уæнг бæсæты  æмбæстæгты æнæзакъонон   ахстыл æмæ  хæстыл,   кæцыйы   Уæрæсейы  Федераци  ацы  афонмæ дарддæр кæны   йæ  сыхæгты ныхмæ»,- дзырдæуы   Евросоветы  парламентон ассамблейы, Гуырдзыстоны, Украинайы,  Эстонийы, Латвийы æмæ Лиетувæйы  иумæйаг   фидиуæны.

Бынсангонд  фидиуæныл, Гуырдзыстоны номæй,   йæ къух фыссы, Гуырдзыстоны парламенты  сæрадры  фыццаг хæдивæг  Тамар Чугошвили.

Фондз бæстæйы фидиуæны, афтæдæр дзырдæуы  а.х.  Хуссар Ирыстоны  оккупацион хаххы дæргъмæ   Уæрæсейы  æрдгæй телтæй  æмбондтæ   айтындзыныл,  афтæдæр оккупацигонд Гуырдзыстоны  регионты, а.х.  æвзæрстыты  ауадзыныл.

Украинайы  делегацийы   къухдариуæггæнæджы дзырдæй,   Евросовет   фесæфта  йæ авторитет  уæнг  бæстæты  милуангай  æмбæстæгты цæсты.

«Нæ  къордмæ  мах фæхондзыстæм алкæй, кæмæндæриддæр  аргъдзинæдтæ  æмæ хæсистытæ  сыххæст  афтид  ныхæстæ не сты», –  банысангонд у Елизаветы  Яськойы  фидиуæны.

Гуырдызстоны ,  Украинайы æмæ Балтийы бæстæты  делегацитæ, 30 сентябры  протесты нысанæй, евросоветы  парламентон ассамблейы  фæззыгон   сессийы  байгомы хайад нæ райстой.