Евросоветы парламентон ассамблейы  æвзæрстытыагъоммæ  делегаци Украинайы куыст   æмгъуыдагъоммæ  фæурæдта
Евросоветы парламентон ассамблейы æвзæрстытыагъоммæ делегаци Украинайы куыст æмгъуыдагъоммæ фæурæдта

Евросоветы  парламентон ассамблейы  æвзæрстытыагъоммæ   делегаци   Украинайы   куыст   æмгъуыдагхъоммæ  фæурæдта.   ИНформацийы хъусын кæны  украинаг   медиа.

Европæйы  Советы  парламентон ассамблейы  делегаци КИевы  æвзæрстыты агъоммæ  уавæрæн аргъ скæнынмæ ныццыд.  Делегаци бæстæйы  кусын   Украинайы   уæллаг радайы   ист уынаффæйы  фæстæ  фæурæдта.

Украинайы  Уæллаг радайы  сæрдар, Андрий Парубий  Украинайы   парламентон æвзæрстытæм,  цæстдарынмæ  Европæйы Советы   парламентон  ассамблеймæ  æрвыст хуынд  аивдта.  Уый  æфсонæн  та, ивгъуыд къуырийы   Евросоветы  парламентон ассамблейы   ист  уынаффæ   ссис,  кæцыйы фæрцы дæр Уæрæсе организацимæ алыгъуызон  арæнæвæрдтæй  уæгъдæй  хъуамæ æрыздæха.

Парламентон æвзæрстытæ  Украинайы  21  июлы  хъуамæ ацæуа.