Евросоветы иртасæн – Æфхæрдæххæстгæнæг уагдæтты Гуырдзыстонæн, астæуевропаг стандарттæй хуыздæр уавæр ис
Астæуккаг Европæйаг стандарттæм гæсгæ, Гуырдзыстонæн ис сеппæтæй хуыздæр бæрæггæнæнтæ æфхæрдæххæстгæнæг уагдæтты æрдæгй, – уый фæдыл дзырдæуы, Лозаннайы университеты хыгъдлæвæрды, кæцы æрцæттæ ис Европæйы Советæн.
Документы мидæг банысангонд у, цæмæй Гуырдзыстоны 2017 азæй 2018 азы январы периоды, 100 000 æмбæстагæй, Гуырдзыстоны 252 сты ахæст. Ацы уынинаг у астæуевпаг стандартæй бæрзонддæр.
Иртасæнмæ гæсгæ ахстгондты, æмбæстæгты нымæцимæ абаргæйæ, Гуырдзыстонæй бæрзонддæр лæууы æрмсæст Уæрæсе, кæцыйы дæр 100 000 æмбæстагæй 418 сты ахæст. Æртыккаг бынат ахсы Азербайджан, кæцыйы фæдыл цæуынц Литвæ æмæ Молдовæ.
Документы афтæдæр банысангонд у, цæмæй 2008 -2018 азты, Гуырдзыстоны ахæстты нымæц фæкъаддæр ис 43%. Дæнцæн 2008 азы ахæстæтты уыдысты 445 адæймаг фæйнæ 100 000 æмбæстагæй, æмæ ахæстты нымæц иугæндзонæй рæзтис 2012 азы онг. 2012 азы 100 000 æмбæстагæй 516 уыдысты ахæсттæ, æрмæст 2013 азы та – 219.
Хыгъдлæвæрдмæ гæсгæ, пенитенцион уагдæтты Гуырдзыстоны ситуаци алы æндæр бæрæггæнæнтæй, æмбæлон у Европæйаг стандарттæм. Ацы æрдгæй Гуырдзыстон йæ фæстæ фæуагъта европæйаг стандарттæ ахæм уынинæгтæй: ахæсты уæвыны астæуукаг æмгъуыд, хæстонæй алидзын, химарындзинæдты нымæц, ссæрибаргонд ахæстты нымæц æмæ ахæстæтты бынæтты нымæц ( цæмæй цас фырдзаг сты ахæстæттæ).