«Европейская правда» - Гуырдзыстонмæ гæнæн ис  НАТО-ы  уæнгдзинады архайадон  план æрцæуа лæвæрд, альянсы штабы техникон æмвæзадыл  ныридæгæн æрныхас кодтой
«Европейская правда» - Гуырдзыстонмæ гæнæн ис НАТО-ы уæнгдзинады архайадон план æрцæуа лæвæрд, альянсы штабы техникон æмвæзадыл ныридæгæн æрныхас кодтой

Украинаг медийы  информацийæ,   Гуырдзыстон  зæгъгæ, гæнæн ис,  НАТО-йы  уæнгдзинады архайадон пълан райса.

Украинаг  рауагъдад «Европейская Правда»  куыд  фыссы,  афтæмæй,   «НАТО-ы  штабы  техникон  æмвæзадыл  Гуырдзыстонæн  альянсы  уæнгдзинады  архайадон  план алæвæрды фæдыл  æрныхас кодтой».

«Уый йеддæмæ ма, бирæтæ  афтæдæр   зæгъынц,  цæмæй   уæнгдзинады архайадон планы домæнты стыр  хай,  Гуырдзыстон ныридæгæн сыххæст кодта  æмæ бæстæ хæстæг перспективæйы  хъуамæ  суа  альянсы 31-æм уæнг», – фыст ис статийы.

Афтæма, рауагъдад  хаххгондæй  фыссы, цæмæй   ацы  этапыл  Гуырдзыстонæн  НАТО-йы  уæнгдзинадæн архайадон планы  алæвæрд  æрмæст политикон  скуыддзагыл у баст.

«Фæлæ 1-2 декабрмæ  плангонд  НАТОйы фæсарæн хъуыддæгты  министрты саммитыл ацы  уынаффæ æнхъæлцау нæ райсдзысты, уымæн  æмæ сæм альянсы  хуыздæр кæсы, ацы  фарстыл  АИШ-ы  ногæвзæрст президенты, Джо Байдены  хъуыдымæ байхъусой.  Иуæй-иу  фæлгæсæг афтæдæр йæ  хъусдард  здахы   Германийы 2021 азмæ плангонд  æвзæрстыты æрдæм», – дзырдæуы  Украинаг  рауагъдады статийы.

Украинаг  журналисттæ дзурынц, цæмæй   Гуырдзыстонæн   уæнгдзинады  архайадон планы  алæвæрды фæдыл  альянсы  уæугæ дискусситы тыххæй  информаци сæм, «бирæ  равзæрæнæй  бафтыд, куыд НАТО-ы структурæты, афтæ ныгуылæйнаг æмæ украинаг дипломативон зылдтæй».