Европарламенты Гуырдзыстоны ассоцирдзинады бадзырды сыххæсты хатдзæгæн халæппæрст сырæздзæн
Европарламенты Гуырдзыстоны ассоцирдзинады бадзырды сыххæсты хатдзæгæн халæппæрст сырæздзæн

 

Европарламенты Гуырдзыстоны ассоцирдзинады бадзырды сыххæсты хатдзæгæн халæппæрст сырæздзæн

Уый фæдыл фыццаг къаналы журналист сиды.

Снысангонд хаццæг Европарламенты пленарон сессийыл 13-æм ноябры бакастысты. Хатдзæгы автор Европарламенты депутат Андрес Мамикинс у.

Европарламенты пленарон сессийыл абон Гуырдзыстоны ассоциргонд бадзырды сыххæсты хаццæг бакæсдзысты. Информаци уый фæдыл Европарламенты официалон боны фæткъы ис фыст. Хатдзæгы автор Европарламенты депутат Андрес Мамикинс у.

Хатдзæгы аргълæвæрд ис Гуырдзыстонæй ассоцирдзинады, арф æмæ уæрæх сæрибар базарадон бадзырды сыххæсты уаг. Хаццæг бацæттæ ис Гуырдзыстоны хицауады бæрнонтæн, опозицийы лидертимæ æмæ гражданон æхсæнады бæрнонтимæ, афтæ дæр еврокамисы , евроцæдисы æттаг хъуыдтæгты уагдон æмæ европарламенты æттаг æмахастыты комитеты уæнгтимæ фембæлды бындурыл.

Документы хатдзæгон хайы ис нысангонд, цæмæй  хатдзæг позитивон аргъ дæтты ассоцирдзинады бадзырды сыххæстæн. Афтæ дæр сиды Гуырдзыстоны хицауадмæ, аскъуыддзаг кæна уæвæг проблемæтæ, кæцытæ сты баст куыстон бартимæ, æрдзы хъахъхъæд æмæ сылгоймæгты ныхмæ дискриминацийы фарстатæм.

Резолюцийы проекты ис фыст, цæмæй Евроцæдис разы у  Венецийы комисы позитивон аргълæвæрд Гуырдзыстоны конституцион реформæйы фæдыл, фæлæ тыхстдзинад сиды, цæмæй пропорцион æвзарæнон системамæ ахызт 2024 æм азы онг æрцыд æргъæвд.

Афтæ дæр документы ис фыст конфликтты сабырадон регулирдзинады Гуырдзыстоны политикайы фарсылхæцындзинад. Резолюцийы проекты автортæ райгонд сты Гуырдзыстоны хицауады архайдтытæй, диалогы бавæрын Уæрæсеимæ. Документы тыхстдзинадæй ис фыст, цæмæй 10 азы фæстæ дæр Уæрæсе даргъ кæны Гуырдзыстоны териториты окупаци. Европарламенты уæнгтæ бæлвырд кæнынц Гуырдызстоны територион æнæхъæндзинад æмæ суверенитеты фасрылхæцындзинад.