Европарламентар  Гуырдзыстоны оппозицимæ парлементмæ бахизынмæ æрсидтис
Европарламентар Гуырдзыстоны оппозицимæ парлементмæ бахизынмæ æрсидтис

Сидын  оппозицимæ,  æркурут   рæстаг ахаст, ма зæгъут нæй  ацы æркуырдыл, фæлæ  парламенты  уæ  бынæттæ бацахсут, –  ацы фидиуæн  немыцаг  европарламентар, фæсарæн хъуыддæгты комитеты  уæнг  Михаэл Галер   Гуырдзыстоны Фыццаг Каналимæ  эксклюзивон интервьюйы  сарызта.

«Мæ аргумент  у ахæм,  хъаст куы ис,  цæмæй  æвзæрстытæ   æгъгъæдæй рæстаг нæ уыдысты æмæ  оппозици  сæрмагонд барты  балхъывдыл нымайы,  уæд уæ  курæг дæн, бацахсут уæ бынæттæ    æмæ   уый фæдыл   райхъусын кæнут   парламенты залæй,   трибунæйæ.  Растдæр парламент  у  легитимон бынат  ахæм даууæн.  Курæг дæн оппозицийæ,  æркурут   рæстаг ахаст, ма зæгъут нæй  ацы æркуырдыл, фæлæ  парламенты  уæ  бынæттæ бацахсут», – райхъусын кодта  Галер.

Афтæма  йæ  ныхæстæм гæсгæ,  зæгъгæ æвзæрстытыл   гæнæн  хæлдтыл  фæдагуырды рæстæджы  хъуамæ  сбæрæг кæной æнæ æрмæст бюллетенты  бахыгъды рæстæджы аиппытæ, фæлæ  ма æнæхъæнæй  æвзарæнон   период.

Евродепутаты  дзырдæй, 2016 азы  уыдис Гуырдзыстоны æмæ фæфиппайдта  сау «Джипы» типы  хæдтулгæтæ  æвзарæнон фадгуыты  цур,  кæцы  гæнæн ис   æвзæрстгæнджытæм  хъомыс дарыныл  нымад цæуа.  Евродепутат  уынаффæ дæтты ома  фидæны æвзæрстытæм  системæ  æнæхъæнæй  фæхуыздæр уа.