Европаралмиентартæ -  фæнды нæ Евроцæдисы æлхынцъаг  партнер  Гуырдзыстонæн   парламентон æвзæрстыты  æнтыстджынæй организацидзинад раарфæ кæнæм
Европаралмиентартæ - фæнды нæ Евроцæдисы æлхынцъаг партнер Гуырдзыстонæн парламентон æвзæрстыты æнтыстджынæй организацидзинад раарфæ кæнæм

Уæззау  эпидемиологион  контекстмæ æнæкæсгæйæ, фæнды  раарфæ  кæнæм  Евроцæдисы æлхынцъаг  партнер  Гуырдзыстонæн   парламентон æвзæрстыты  æнтыстджынæй организацидзинад, – уый фæдыл  цыппар  европарламентары  иумæйаг  фидиуæны мидæг у банысангонд.

Европарламентартæ дзурынц, цæмæй  8 партъийы  Гуырдзыстоны  сæйраг политикон  партитæ историон   бадзырд куы бафыстой  æмæ æрды райдайæны  æвзарæнон  реформæйы   пакет райсыны  фæстæ,  кæцыйы рагхыгъд уыд OSCE/ODIHR-ы рекомендацитæ,   уый  уыд  ахсджиаг момент, цæмæй аргъгонд  бауыдаит   куыд  хицауады, афтæ  политикон  партиты   æмзæрдæдзинад   демократон принципты æмæ законы сæйрагдзинад хъахъхъæды цæстæнгасæй.

«Нæ зæрдыл дардзыстæм  ацы æвзæрстытæ  конкурентджын кæй разындысты  æмæ  сæрибардзинæдтæн цыт  кодтой, æвзæрстгæнджытыл æлхъывды   æбуалгъ цауты  æмæ  хицаугæнæг  парти æмæ   паддзахады  æхсæн   арæн дырыс кæй  нæу,  уымæ æнæкæсгæйæ дæр, æнæхъæн кампанийы   дæргъы æмæ  æвзæрстыты  бон.  Кандидаттæн сæ бон уыд   сæрибарæй  кампани ауадзын,  кæцы  æвзæрстгæнæгæн дæтта  æцæг барæвзар  æндæр æмæ æндæр платформæйы æхсæн.  Æмбæстагон æхсæнады минæвæртты æрдгæй интересы æмæ  бастдзинады æмвæзад  афтæдæр у  ацы æвзæрстыты   позитивон  миниуæг», – фыст ис  фидиуæны.

Европарламенты уæнгтæ  дзурынц, цæмæй   медиа  æмæ  политикон ландшафттæ   нырмадæр тынг поляризацигонд сты, кæцы æвдыст æрцыд   тызмæг риторикæйæ  алы æрдгæй дæр, фæлæ  уымæй  къаддæр масштабæй, зæгъæм, 2018 азы   президентон æвзæрстыты  размæ  куыд уыд  æмæ уый  у  позитивон фæзынд.  Европарламентартæ хъуыды  кæнынц, цæмæй   ныр хъæуы  кампанийы  финансдзинад фарстайы дарддæры  каст OSCE/ODIHR-ы  раздæры рекомендацитæм æмбæлгæйæ.

«Бæрзонд аргъ кæнæм, прагматон  уынаффæтæ  кæй  ссардæуыд,  цæмæй  карантины  æмæ  хиизоляцийы  уæвæг  æмбæстæгтæм лæвæрд у цыд  æвзæрст саразыны фадат   специалон    æвзарæнон  фадгуыты, кæцы  рæстаг компромисс уыдис  демократон  æмæ  æхсæнадон æнæнизхъахъъæды домæнты æхсæн.  Хъыгаг у, цæмæй  Абхазы æмæ Цхинвалы/Хуссар Ирыстоны оккупацигонд регионты, æмбæстæгтæм  ноджы иу  хатт  байстой  схъæлæс кæныны бар», – дзырдæуы  фидиуæны.

Европарламентартæ фыццаг  туры  фæстæ  æмæ  дыккаг   туры размæ  алы фарсмæ дæр   æнцаддзинадмæ  сидынц  æмæ дзурынц, цæмæй   алы   гæнæн  аппеляци  æмæ  хъаст, кæцы сбæлвырд уыдзæн  æнæмæнгхъæугæ  деталтæй  æмæ  бæлвырд кæныны  бæрæг элементтæй,  хъуамæ каст æрцæуа   рæстаг, рухсдзыд  æмæ  дырыс формæйæ.

«Европарламент  лæмбынæг  хъус дардзæн  дарддæры  фæзындтæм,  баззайгæ æвзарæнон периоды, сæ нымæцы,   дыккаг туры бон.  Æнхъæлмæ кæсæм   дарддæры æмгуыстадмæ    ногæвзæрст парламентимæ, Гуырдзыстоны æвзæрст  евроатлантикон   интеграцийы  фæндагыл», –  банысангонд у   фидиуæны.

Фыстæгыл къух æвæрынц  Девид  Макалистер, Марина Калиуранд, Свен Миксер æмæ Виола  фон Крамон-Таубадел.