Европаг  Совет  Белорусæн  ног санкцитæ  сфидар кæныны тыххæй æрныхас кодта
Европаг Совет Белорусæн ног санкцитæ сфидар кæныны тыххæй æрныхас кодта

Брюсселы  ацæугæ саммиты   фæстиуæгæн, Европаг  Совет   Белорусæн  ног санкцитæ  сфидар кæныны фæдыл æрныхас кодта.

Европаг  Совет тызмæг фауы   «Райанэары»  рейсы  Минскытыхыбын сбадын  кæнын æмæ  Белорусы  хицауад, журналист Роман Протасевичы æмæ  йæ лымæн чызг  София  Сапегайы  æрцахст.

«Ай у лæбурд  дзырды сæрибары æмæ  Европаг  суверенитетмæ.  Ацы  мæтæфтауæг  архайдæн æнæмæнгхæъугæ  у  хъæддых дзуапп раттын.  Растдæр уый тыххæй  Европаг  Совет  æрныхас кодта,  цæмæй  уыдзæн уæлæмхас санкцитæ  уыцы  уæнгты ныхмæ,  кæцытæ  баст уыдысты  ацы  скъæфты,  афтæма бизнес  æмæ экономикон  компанитыл, кæцытæ  финанс кæнынц  режим», –  банысан кодта   Еврокомиссийы президент Урсула  фон дер Лайен  саммиты  фæстæ  лæвæрд пресс-конференцийыл.

Евроцæдисы совет  афтæдæр сиды  Евроцæдисы  регистрацигонд авиакомпанитæм, сæхи бауромой  Белорусы  уæлдæфон тыгъдады  тæхынæй.  Афтæма  сиды советмæ, райсæт   алы хъæугæ  мадзæлттæ,  белорусаг  авиакомпанитæн  Евроцæдисы  уæлдæфон тыгъдады  тахтыты тобæ  сывæрынæн  æмæ   уыдонæн  Евроцæдисы  аэропорттæ  сыхгæнынæн, афтæдæр  Совет  рацыд инициативæйæ,   амалуæвгæйæ  цырд  саразой  физикъон  æмæ  юридикъон уæнгты  номхыгъд санкцитæ сфидар кæнынæн.