«Европаг  Гуырдзыстоны» уæнгтæ, парламенты кæртмæ бацæуæн иуæй-иу дуарыл  гуыдыртæ  сæвæрдтой [фото]
«Европаг Гуырдзыстоны» уæнгтæ, парламенты кæртмæ бацæуæн иуæй-иу дуарыл гуыдыртæ сæвæрдтой [фото]

Партий  «Европаг  Гуырдзыстоны»  уæнгтæ  парламенты  бацæуæны иуæй-иу  кулдуарыл,  Читадзейы  уынгы  æрдгæй,    символонæй  гуыдыр сыврæдтой.

Гиги Угулава  парламенты   кæртмæ  бацæуæн   дуарыл  рæхыс  бафтыдта  æмæ йæ  гуырдырæй  сыхгæдта.  Уый йеддæмæ ма мидæгæй   уæвæг барадхъахъъхæнджытæм баздæхт   цæмæй  зæгъгæ  æнцадæй  уой,   æмæ  зæгхгæ  мидæмæ бацæуын ничи хъавы.  Дуарыл  дыккаг   гуыдыр дæр сæвæрдтой.

Гиги Угулавайы дзырдæй, гуыдырты дæгъæлтæ   лæвæрд  æрцæудзысты  адæммæ.

Афтæма, фæстæдæр  барадхъахъхъæнджытæ   дуарæй  гуыдыртæ рафтыдтой.

Парламенты  раз протестон   акци  дарддæр кæны.