«Европаг Гуырдзыстоны» æвзæрстыты æнæлегитимонæй хонынц æмæ хъусын кæнынц, цæмæй паралментмæ бацæуыныл  кæронбæттæн скуыддзаг  абон   райхуъсын кæндзысты
«Европаг Гуырдзыстоны» æвзæрстыты æнæлегитимонæй хонынц æмæ хъусын кæнынц, цæмæй паралментмæ бацæуыныл кæронбæттæн скуыддзаг абон райхуъсын кæндзысты

«Европаг Гуырдзыстоны»  æвзарæнон  штабы  къухдариуæггæнæг, Серги  Капанадзейы   дзырдæй,   парти   зæгъгæ  нымайы, цæмæй  парламентон æвзæрстытæ  не сты легитимон  æмæ  не вдисынц  адæмы фæнд.

Капанадзе  куыд фехъусын кодта  афтæмæй,   кæронбæттæн скуыддзаг,  бацæудзысты æви нæ   парламентмæ,   абон 15:00  сахатыл райхъусын кæндзысты.

«Европаг  Гуырдзытон нæ  хъуыды кæны, цæмæй  ацы æвзæрстытæ  уыд легитимон,  нæ нымайæм ома  ацы æвзæрстытæ   равдыстой адæмы фæнд, уый тыххæй дæр архайдзыстæм адæмы интерестæм гæсгæйæ,  кæцы  фыццаджы дæр нысан кæны уый, æмæ абон    рахæсдзыстæм уынаффæ, бацæуæм æви нæ  парламентмæ. Мæхи сæрмагонд хъуыды у, цæмæй   ма  хъуамæ бацæуæм, фæлæ уый тыххæй,   цæмæй   махмæ,  скуыддзæгтæ æрмæст иу адæймагыл баст никуы  вæййынц,  уыдзæн нын дискусси  æмæ  15:00 сахатыл  райхъусын кæндзыстæм нæ позицийы тыххæй.  Мæ  хъуыдымæ гæсгæ , дыккаг турты фæдыл  уынаффæ  хъуамæ рахæссой оппозицион партите иуæмйагæй.  Ноджы  иу хатт зæгъын, цæмæй  кæд   æвзæрстыты æнæлегитимоныл нымайæм, уæд дыккаг тур мауал хъуамæ ацæуа.  Фæлæ  ай   у   мæ хисæрмагонд  хъуыды,  дарддæрыл та  фæуынаффæ кæндзыстæм партийы,  æндæр оппозицион партитимæ иумæ», – фехъусын кодта Серги Капанадзе.