«Европаг Гуырдзыстон»  нæ бацæудзæн  парламентмæ æмæ  нæ райсдзæн хайад æвзæрстыты дыккаг туры
«Европаг Гуырдзыстон» нæ бацæудзæн парламентмæ æмæ нæ райсдзæн хайад æвзæрстыты дыккаг туры

«Европаг Гуырдзыстон»  парламентмæ бацæуын  æмæ æвзæрстыты  дыккаг  туры  хайад  нæ исдзæн, – уый фæдыл  консультациты  фæстæ  лæвæрд  абоны брифингыл   «Европаг Гуырдзыстоны» иуæй-иу  лидер  Давит Бакрадзе   райхъусын кодта.

Йæ ныхæстæм æгсгæ, 2020  азы  31  октябры  æвзæрстытæ  нæ уыд сæрибар,  рæстаг æмæ  не вдисынц  адæмы   фæнд.

«Фæуынаффæ кодтам  æмæ  æмуд уынаффæ  рахастам. «Европаг Гуырдзыстон»  нæ бацæудзæн парламентмæ, кæцыйы сывзарыны   легитимондзинад дæр нæ банымайдзыстæм. Дзурæм «Нæ»   дыккаг туры  хайад райсыныл», – фехъусын кодта Бакрадзе.