Европæйы Уацхæссджыты Цæдис, Евроуынынад 2021-ы фарстайыл уынаффæмæ  æрывнæлдта
Европæйы Уацхæссджыты Цæдис, Евроуынынад 2021-ы фарстайыл уынаффæмæ æрывнæлдта

Евроуынынад  2021-ы тыххæй, Европæйы  Уацхæссджыты  Цæдис (EBU)  æмæ  æвджиддар  къорд æрымбырд уыдзысты  æмæ  уæвæг проблемæтыл фæуынаффæ кæндзысты.   Æркæсдзысты  куыд бæстæты  минæвæртты, афтæ  конкурсон  зарджыты  фарста.

Нырма  скуыддзаггонд нæу,  фидæн азы  конкурсмæ  уыцы  зарæггæнджытæ æмæ зарджытæ та  ныууадздзысты  æви сæ раивдзысты.   Уый тыххæй  детæлттæ  тагъд  суыдзысты бæрæг  æмæ  раргом  уыдзысты.

Евроуынынады  64-азон  историйы  дæргъы, ахæм проблемæты раз EBU  фыццаг хатт слæууыд.

Европæйы  Уацхæссджыты  Цæдис (EBU) 18 марты  официалонæй  сбæлвырд кодта, цæмæй  2020 азы  Евроуынынады  зарæджы конкурс, коронавирусы тыххæй  нал ацæудзæн.

Еврофестивал, Роттердамы, 12,14 æмæ  16  майы хъуамæ ацыдаит. 2020 азы  Евроуынынады  конкурсыл  Гуырдзыстоны номæй   хъуамæ рацыдаит  Торникэ Хъипиани.