Европæйы Советы парламентон ассамблейы Гуырдзыстоны мониторингы  къорды æмраныхасгæнджытæ  райынц, Гуырдзыстоны парламент конституцион ивддзинæдтæ кæй  сфидар кодта уымæй
Европæйы Советы парламентон ассамблейы Гуырдзыстоны мониторингы къорды æмраныхасгæнджытæ райынц, Гуырдзыстоны парламент конституцион ивддзинæдтæ кæй сфидар кодта уымæй

Европæйы Советы парламентон ассамблейы Гуырдзыстоны мониторингы  къорды  æмраныхасгæнджытæ  Титус Корлатеан (Румыни)  æмæ  Клод Керн (Франц)  Гуырдзыстоны  парламент конституцион  ивддзинæдтæ  кæй  сфидар кодта  уымæй   райгонд сты, кæцы æхсæнадæмон   медиаторты æххусæй,   цæугæ  азы марты  хицаугæнæг  фылдæрты æмæ  оппозицийы  æхсæн  разыдзинадæй æрцыд –  уый фæдыл Европæйы  советы  парламентон ассамблейы  фидиуæны  у банысангонд.

Ацы рæстæджы, æмраныхасгæнджытæ  хъыгдзинад æвдисынц,  цæмæй   политикон  бадзырдмæ æнæкæсгæ,  нæ бантыст ис каддæр тынггонд æмæ  поляризацигонд  политикон уавæр æрфидар кæнын.

«Хъусын кæнæм алы фарсæн дæр,   ныхмæлæуды бæсты, æмгуыстадмæ  тырной  æмæ конструкционæй   адарддæр кæной  8 марты   политикон   бадзырды   баззайгæ  хайы  сæххæст.  Уымæй  уæлдай ма, курæг стæм алы фарсæй,   сæхи  бауромой  кæцыфæнды  фидиуæнтæ æмæ архæйдтытæй,  кæцы  гæнæн ис  фæкарз кæна  уавæр  æмæ  поляризаци иннæрдгæй,   негативонæй  бандава   уавæрмæ, кæцы  æцæгдæр демокративон  æвзæрстытæ  ауадзынæн у хъæугæ» – банысангонд у  фидиуæны.

Фидиуæны кæрон дзырдæуы,  цæмæй  æмраныхасгæнджытæ  бакуыст  хыгъдлæвæрдæй  Гуырдзыстонмæ ноябры æрцæудзысты,  кæцыйы  стæй  ассамблейы 2021  азы  январы  сессимæ  бавдисдзысты.