Европæйы хуыздæр  маршрутты  æхсæн  Тбилис æртыккаг бынатыл  ис
Европæйы хуыздæр маршрутты æхсæн Тбилис æртыккаг бынатыл ис

«Европæйы  балцы  сегасæй  хуыздæр маршруттæ 2020»-ы (EBD) конкурсы   Тбилис  æртыккаг  бынатыл  ис.

æхсæнадæмон   конкурсмæ  Тбилисы  æндæр æмæ æндæр   сыхы  аст фотографы  ист къамтæ  уыд  бавдыст.

2020  азы  Европæйы  сеппæтæй   хуыздæр  маршрутты конкурсы  Гуырдзыстоны  сæйраг горæты   конкуренттæ уыдысты, Лондон, Венæ,   Афинæтæ, Рим, Амстердам,  Прагæ,  Брюссель, Париз æмæ нд.

Конкурсы  фыццаг бынат бацахста  Францы  горæт Колмар, дыккаг та  Грецийы   сæйраг горæт Афинæтæ.

Конкурсы  уæлахиздзау горæт рабæрæг кодтой  хъæлæс кæныны  фæрцы.  Хъæлæскæнынад  15  январы   райдыдта æмæ  абон 5   февралы , 14:59 сахатыл  фæцис.

«Европæйы  балцы  сегасæй  хуыздæр маршруттæ 2020»-  фæнысангонд рафарст , вебпортал  «Европæйы  хуыздæр бынæттæ» нырид 11  аз у, цæй æххæст кæны.  Рафарсты хайад ацы  аз райстой  600 минæй  фылдæр адæймаг.