Европæйы æндæр æмæ æндæр горæттæй Гуырдзыстоны  æмбæстæгты  æрласынæн программæ адарддæр уыдзæн
Европæйы æндæр æмæ æндæр горæттæй Гуырдзыстоны æмбæстæгты æрласынæн программæ адарддæр уыдзæн

Рахастам уынаффæ   сног кæнæм  уыцы программæ, кæцымæ гæсгæ,   нæ  æмбæстæгты  Европæйы æндæр æмæ æндæр горæттæ  ластам фыдыбæстæмæ, –  уый фæдыл   Гуырдзыстоны  премьер-министр, Гиорги Гахариа  хицауады рабадтыл   раЙхъусын кодта.

Гиорги Гахариа  куыд банысан кодта, афтæмæй,   Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты æмæ экономикæйы  министрадтæ, бадзырдты  процессы сты  европаг партнертимæ.

«Бирæ  информаци нæм хæццæ кæны,   нæхи æмбæстæгты, гуырдзиаг мигрантты  уавæры фæдыл Европæйы æндæр æмæ æндæр горæтты.  Цæмæй  алцыппæт æгæр ма ныддаргъ уа,   ахицæн кодтам,  сног кæнæм уыцы  программæ, кæцыйы фæрцы  Европæйы  æндæр æмæ æндæр горæттæ   ластам фыдыбæстæмæ  нæхи æмбæстæгты.  Экономикæйы министрадмæ лæвæрд æрцыд барамынд, цæмæй æвæстиатæй, къуырисæрмæ хъуамæ уа  конкретон  ранывæзт   нæ  æмбæстæгтæн  билеттæ  райсинаг æргътæй,  æмæ ма  хъуамæ  уой 200 евройæ  зынаргъдæр,  ма хъуамæ  уа  уыцы  катастрофион æргътæ,  кæцыты  тыххæй нын хъусын кодтой.  Уый тыххæй   экономикæйы  министрад райса фæдзæхст, цæмæй  ацы  программæ  ма  æххæст кæна иу  авиакомпани, хъуамæ  кусой  цалдæр авиакомпанийæ.  Уый тыххæй  къуырисæры  хъуамæ уа  æмбæлгæ информацион   ресурстыл, рейсты  конкретон  ранывæзт, конкретон горæттæй, кæд райдайдзæн  тахтытæ  æввахсдæр периоды æмæ кæцы горæттæй», –  райхъусын кодта Гиорги Гахариа.