«Европæйы Адæмон Парти»  æмæ»Социалистты æмæ Демократты» блокъ, Европарламенты, коалици  саразын  хæдбарæй  нал бахъом уыдзысты
«Европæйы Адæмон Парти» æмæ»Социалистты æмæ Демократты» блокъ, Европарламенты, коалици саразын хæдбарæй нал бахъом уыдзысты

Европарламенты  æвзæрстыты   фæстьиуджытæй,   рахис-центристон «Европæйы   адæмон партий»  мандаттæ  сафы, фæлæ   европарламенты   нырмадæр сеппæтæй   стыр блокъ уыдзæн.

Фæстиуджытæ æвдисынц, цæмæй 751  бынатджын парламенты   «Европæйы  Адæмон Патийы»  блокъæн  179  мандат   уыдзæн  æмæ проевропаг  коалици растдæр  уый  сараздзæн.  2014 азы  æвзæрстыты фæстиуджытæй,  «Европæйы   адæмон  Парти»-мæ 216  бынат уыд.

Развæлгъау  бæрæггæнæнтæй   дыккаг бынатыл  ис   «Социалистты æмæ  Демократты»  блокъ,  кæцы Европарламенты   æнхъæлцау  райсдзæн 150  мандаты.  2014 азы  «Социалисттæм æмæ Демократтæм»   191 бынат  уыд.

Æртыккаг бынатыл ис  либералон къорд «Алде», кæцы  ацы рæстæгмæ евроцæдисы  зæкъондæттæг органы   107  бынат ахсы.

Æвзæрстыты нысаниуæгджын  æнтыстмæ  æрцыдысты  æмæ  позицитæ фæхуыздæр кодтой Цъæхтæ,  кæцытæм раззаг æвзæрстыты  уыд  50 бынат, ныр та  70 мандат райсдзысты.

Афтæмæй, «Европæйы Адæмон Партий»  æмæ «Социалистты æмæ Демократты»   блокъ   коалици  саразын, хæдбарæй  нал  сфæрæз кæндзысты.

Аналитикты  прогнозæй,   «Европæйы Адæмон Парти»  æмæ  «Социалисттæ æмæ Демократты»   блокъ,  коалици сараздзысты  либералтимæ æмæ  цъæхтимæ  æмгуыстгæнгæйæ.

«Фæстаг 40 азы мидæг фыццаг хатт,  дыууæ классикон   партийæн, социалисттæн æмæ   консерватортæн  фылдæры  хай  нал уыдзæн.   Бæрæг у, цæмæй  ай  у историон момент æмæ  евроцæдисы   парламенты  хицаудзинады   ног баланс  уыдзæн»,-  райхъусын кодта «Алдейы»   лидер  Ги Верхофштадт.

Æвзæрстыты активондзинад уыд 51%,  кæцы фæстаг 20 азы  дæргъы  сеппæтæй  бæрзонддæр фæстиуæг у.