Еврокомиссийы президент – Уæрæсейæн  ахуыр архæйдтытæ  федтам  Гуырдзыстоны, Украинайы, Сирийы æмæ Солсберийы
Еврокомиссийы президент – Уæрæсейæн ахуыр архæйдтытæ федтам Гуырдзыстоны, Украинайы, Сирийы æмæ Солсберийы

Еврокомиссийы  президент Урсула  фон дер Лайен  хъусын кæны, ома  Еврокомисси  европаг  «Магнитскийы»  акты  инициативæ бавдисдзæн.  Уый тыххæй  Фон дер Лайен   райхъусын кодта  Европарламенты  уæнгты раз дзырдæй ралæуды рæстæджы.

«Европарламент æнæиухатт   рацыдис  Европаг  «Магнитскийы акты»  бакусыны  инициативæйæ.  Фæнды мæ  райхъусын кæнын, цæмæй закъондæттæг инициативæ бавдисдзыстæм», –  загъта Урсула он дер Лайен.

Европарламенты  уæнгты раз дзырдæй ралæуды рæстæджы  Еврокомиссийы президент Белорусы  цæугæ  фæзындты фæдыл  фæныхас кодта.  Уый белорусаг адæмæн  Евроцæдисы номæй  æххуысы тыххæй фехъусын кодта.

Еврокомиссийы президент дзуры,  цæмæй  уырыссаг оппозиционер  Алексей Навальныйы фæмаргджын кæнын  уæлвæтк  цау  нæу.   Урсула фон дер Лайен  депутаттæн бакой  кодта  Уæрæсейы архæйдтытæ Гуырдзыстоны, Украинайы, Сирийы, Солсберийы, афтæма  æндæр  бæстæты æвзæрстытæм хифæкæнынын фактты  фæдыл.

«Уыдон чидæриддæр Уæрæсеимæ  фылдæр бастдзинадимæ разы  стут, зæгъдзынæн уын, цæмæй  Алексей Навальныйы фæмаргджын кæнын  химион агентæй  нæ  уæлвæтк цау. Мах федтам  Уæрæсейы характерон  архæйдтытæ  Гуырдзыстоны, Украинайы, Сирийы æмæ  Солсберийы, дунейы æндæр æм æндæр бæстæты  æвзæрстыты процессмæ хифæкæнд.  Ацы митæ  нæ ивынц æмæ  уыцы уавæрмæ ницы газдадзæн нæ бандавдзæн», – райхъусын кодта Урсула фон дер Лайен.