Еврокомиссийы  пресс-спикер – Евроцæдис тæрхонон системæйы реформæйыл  дарддæры бадзырдтæм цæттæ у, сæрмагондæй та 19 апрелы бадзырды æмæ Гуырдзыстонæн Евроцæдисы макрофинансон æххуысы фæдыл уынаффæйы контексты
Еврокомиссийы пресс-спикер – Евроцæдис тæрхонон системæйы реформæйыл дарддæры бадзырдтæм цæттæ у, сæрмагондæй та 19 апрелы бадзырды æмæ Гуырдзыстонæн Евроцæдисы макрофинансон æххуысы фæдыл уынаффæйы контексты

Сæйраг  тæрхондоны тæрхонгæнджыты сывзарын  Гуырдзыстоны хицауадæн  у  сæфт фадат  тæрхонон системæ   æцæг æмæ  æппæтылæххæссæг   реформæмæ  йæ иузæрдыгдзинад  сбæлвырд кæнынæн, ацы фæзындтæ  тæрхондоны хæдбарады  æмæ æхсæнады æууæнкæн зиан раттыны  тасхæссæг сты, –  уый фæдыл  Сæйраг Тæрхондоны  тæрхонгæнджыты снысан кæнынмæ гæсгæ Еврокомиссийы   пресс-спикеры  фидуиæны у банысангонд, кæцыйы  Гуырдзыстоны Евроцæдисы минæварад ахæлиу кодта.

Фидиуæны мидæг банысангонд у, цæмæй  сæйраг тæрхондоны тæрхонгæнджыты снысан кæныны онг сæ  равзæрсты процессы æркæсын  Венецийы  Комиссийы  рекоммендацитæм æмбæлгæйæ  афтæдæр  у Гуырдзыстонæн Евроцæдисы  архайæг  программæйæ  бæрæг  макрофинансон  æххуысы дыккаг траншы  рауæлдай кæныны бадзырды  домæн, кæцыйыл ацы къахдзæф, гæнæн ис,  æппæрцаг фæзына.

«Евроцæдис цæттæ у дарддæры бадзырдтæ  бæрзонддæр æмвæзадыл, цæмæй  æркæса тæрхонон системæйы реформæ æмæ  фидæны архæйдтытæ  ацы фæзындты  фæстæ,  сæрмагондæй та 19 апрелы бадзырды æмæ Гуырдзыстонæн Евроцæдисы макрофинансон  æххуысы фæдыл  уынаффæйы контексты», – банысангонд у фидиуæны.