Еврокамис – технологион компанитæ мæнг хабæрттимæ стох кæнынæн фылдæр хъуамæ саразæт
Еврокамис – технологион  компанитæ  мæнг хабæрттимæ стох кæнынæн фылдæр хъуамæ саразæт

Технологион компанитæ «мæнг  хабæрттимæ» стох кæнынæн   фылдæр хъуамæ  саразой –  ацы  фидиуæн  цифрон  фарстаты   Еврокамисар  Мариа  Габриелл  сарызта.

Афтæдæр йæ ныхæстæм гæсгæ, ахæм компанитæ  цахæм дæр сты  Twitter, Google, Facebook, Mozilla æмæ  æндæртæ, нырид  скусын кодтой  хæдрегулиргæнæг  механизм, кæцыйæн йæ нысан у  дезинформациимæ тох, фæлæ Габриелл куыд дзуры  афтæмæй,  тынг бирæ  аиппытæ  фæбæрæг.

Еврокамисы куыд дзурынц афтæмæй,  европарламенты  æвзæрстыты  онг, æнæмæнгхъæугæ  у  «политикон рекламаæйы  финансдзинады ратæдзæнтæ  фылдæр рухсдзыд суа».

Брюссель афтæдæр сиды  технологион компанитæм, фæарфдæр кæнæт  æмкуысткæнынад  евроцæдисы  уæнг  бæстæтимæ æмæ  уыдонимæ информацийы  баивд  фылдæр интенсивондæр  скæнæт.