Еврокамис Польшæйы ныхмæ санкциты уагæвæрдимæ разы у
Еврокамис  Польшæйы  ныхмæ  санкциты  уагæвæрдимæ разы у

Еврокамис  Польшæйы  ныхмæ  санкциты  уагæвæрды процесс райдыдта.  Прецедент кæмæн нæй  ахæм скуыддзаг, йæ хъуыдыйы  дары  Евроцæдисы фæткъæвæрды  æвдæм статийы  скусын кæнын.

Уыцы цауы, кæд еврокамисы  рекомендацийы  Евроцæдисы  уæнг бæстæтæ  сæ зæрдыл бадардзысты,  Польшæйæн Евроцæдисы хъæлæскæнынады  бар, рæстæгмæ урæд æрцæудзæн.  Ацы рæстæджы  Варшава  фесафдзæн милуангай евро.

Брюссель Варшаваимæ   дауу кæны тæрхонон   реформæты тыххæй  æмæ  хъусын кæны, цæмæй  Польшæйы хицауад, тас хæссы  Евроцæдисы иуæй-иу сегасæй   сæйрагдæр принципæн,  закъоны  уæлдæрдзинадæн.   Еврокамисы  куыд  хъусын кæнынц афтæмæй,   реформæ,  кæцыйы сблвырд кодта Польшæйы  хицауад,   арæн кæны   тæрхонгæнджыты  хæдбардзинад.