Еврокамис – Гуырдзыстон æххæст кæны визалиберализацийы домæнтæ
Еврокамис – Гуырдзыстон æххæст кæны визалиберализацийы домæнтæ

Еврокамисы аргълæвæрдæй,  Гуырдзыстон визалиберализацийы   домæнтæ  æмæ йæхимæ цы  хæстæ райста уыдоны  æппæт æххæст кæны  –  уый фæдыл  дзырдæуы  абон  публикацигонд  хыгъдлæвæрды, кæцыйы мидæг  еврокамис  аргъ дæтты  визæты  либерализацийы  бадзырдæй   зæрдылдард   хæстæ сæххæстæн  аст бæстæйы, сæ нымæцы Гуырдзыстоны  дæр.

Документы мидæг дзырдæуы,  цæмæй  æнæлегалон миграцийы  æрдгæй,   архайæг  расидтытæм æнæкæсгæ,  Гуырдзыстоны æмбæстæгты цауы,  Евроцæдисы территорийыл  æнæзакононæй  баззайыны æмæ  уæнг паддзахадтæм бахизыныл лæвæрд нæзагъды бæрæггæнæнтæ  стабилон  нысаныл лæууынц.

«2016 азы  дыккаг æрдæджы æмæ 2017 азы  астæу,  статистикон бæрæггæнæнтæ æвдисынц,  цæмæй  Гуырдзыстонæй  хиæмбæхсæн  агурджыты  нымæц нæ фæфылдæр. Евроцæдисмæ бацæуыныл   лæвæрд нæзагъды  цаутæ 39%  фæкъаддæр сты.  2015 азы  ацы нымæц  æххæссыд 1330-мæ, 2016-æм азы  819-мæ. 3%-æй   фæкъаддæр ис  афтæдæр Европæйы  æнæзакъононæй уæвæг  Гуырдзыстоны æмбæстæгты нымæц дæр.  7,2  процентæй  райрæзт  уыцы  адæймæгты нымæц, кæцытæ  Евроцæдисмæ басидтысты хиæмбæхсæн раттыны  куырдиатæй.    2015 азы  сæ нымæц уыдис  8110, æрмæст 2016-8700.

Афтæма æнæивгæйæ баззад   уыцы æмбæстæгты  нымæц,  кæцытæ Европæйы  райстой  хиæмбæхсæн.  2015 азимæ абаргæйæ,  12%-æй фæкъаддæр ис   Гуырдзыстоны уыцы æмбæстæгты нымæц,   кæцытæй  æркуырдтой  Евроцæдисы территори ныууадзын.  Ацы рæстæджы  æмбæстæгты  55,9%  ацы æркуырд сæххæст кодтой.

Æнæкæсгæ  уымæ цæмæй  фыдыбæстæмæ æрыздæхджыты æвжисæг  абаргæйæ  цъус у,Евроцæдисы  уæнг бæстæтæ  реадмиссийы   фæлгæтты Гуырдзыстонимæ æмгуыстад схуыдтой   тынг  хорзæй.  2016 азы  реадмиссийы  фæдыл  куырдиæтты  фылдæр сыххæст кодта Гуырдзыстоны  хицауад» – дзырдæуы  хыгъдлæвæрды.

Еврокамисы хаххгондæй  банысан кодтой  цæмæй  Гуырдзыстон,  2016-2020 азты  имиграцион  стратегийы  архайадон   паны  сыххæсты  баххæссыд  стыр прогрессмæ  æмæ  дарддæр кæны  визæты либерализацийæ химæ цы хæстæ райста уыдоны æххæст кæнын.

«Гуырдзыстон ауагъдта  æхсæнадон   националон информацион  кампани  æмæ æнæвизæ режимы  фæткъæвæрды  фæдыл трейнингтæ.  Афтæдæр  мониторинг кæны  Шенгены зонæмæ  бæлццонтæн» – дзырдæуы  хыгъдлæвæрды.

Ацы рæстæджы   документы хаххгонд у, цæмæй 2017 азы   хиæмбæхсæн агурджыты  куырдиæтты нысаниуæгджын   хайæн Гуырдзыстоны  нæзагъд æрцыд.

«Уый æфсонæй  арæх  бавдисынц  националон æдасдзинадимæ баст  фарстытæ. Ай та  мæтæфтауæг  у  æмæ  хъæуы  æнæмæнг реагиркæнын»  банысангонд  у хыгъдлæвæрды.