Евроцæдисы уæнг бæстæтимæ арæнтæ байгом кæныны фæдыл,  Гуырдзыстоны хицауад индивидуалон  бадзырдтæ аразы
Евроцæдисы уæнг бæстæтимæ арæнтæ байгом кæныны фæдыл, Гуырдзыстоны хицауад индивидуалон бадзырдтæ аразы

Евроцæдис, 15и æдас бæстæйы номхыгъдмæ Гуырдзыстон куы  бахаста  уый фæстæ,   хицауад Евроцæдисы уæнг бæстæтимæ  арæнтæ байгом кæныны  фæдыл  индивидуалонæй, дыууæфарсон  бадзырдтæ  аразы –  арæнты байгом  æмæ  регулярон  тахтытæм гæсгæ, Гуырдзыстон премьер-министр  Гиорги Гахариа  абон   радон  кусæн фембæлд  ауагъдта.

Хицауады  сæрглæууæг банысан кодта, цæмй а.х. цъæх бæстæты  номхыгъдмæ Гуырдзыстоны бахæссын  у  Евроцæдисимæ партнерады ноджы иу  бæлвырдгæнæн  æмæ уыцы  æнтысты банымад,  кæцымæ  Гуырдзыстоны  хицауад æмæ  гуырдзиаг  адæм  пандемиимæ тохы æрдгæй  æрцыд.

Премьер-министры пресс-куысты  хъусын кæнынц, цæмæй  фæдылдзог  этап у  Евроцæдисы  уæнг бæстæтимæ  индивидуалон  бадзырдтæ, кæцыйы рæстæджы  Гуырдзыстоны  хицауад  деталонæй кусы  алы уыцы  процедурæйыл,  кæцыты ацæуын  æмбæстæгты бахъæудзæн  балцы  цауы  дыууæ æрдгæй дæр  æмæ  æмбæлгæ  скуыдздæгты  Европаг  партнертимæ  координиргондæй. Ацы процесс  ныридæгæн райдыдта  æмæ  этапгай  адарддæр уыдзæн,  цæмæй  Гуырдзыстоны æмбæстæгтæн фæдфæдонæй  байгом уа  Евроцæдисмæ балцы  фадат æмæ  иурæстæгонæй  Евроцæдисы  бæстæты  æмбæстæгтæн  уа  фадат, æдасæй  балц кæной Гуырдзыстонмæ.