Евроцæдисы совет пластмасы æрмæджыты пайда кæнын фæтобæ кодта
«Евроцæдисы советы ног уагæвæрды формалон райсты процедурон финалон къахдзæф у», -ис фыст Евроцæдисы советы официалон веб-фарсыл рапарахатгонд расидæны. Уæдмæ та снысангонд директивæ Европпаламент 560 хъæлæсæй сбæлвырд кодта.
Ног директивæмæ гæсгæ, 2021-æм азæй Евроцæдисы тобæгонд уыдзæн пластмасы мигæнæн, контейнертæ æмæ æндæр æрмæджытæ. Афтæ дæр Евроцæдисы бæстæтæ бадзырдтой, цæмæй 2029-æм азы онг пластмасы авджыты æмбырды нымæц 90 процентмæ бахæсдзæн.