Евроцæдисы лидертæ коронавирусæй  зианбавзарæг экономикæтæн æххуысы  пъланыл æрныхас кæнын нæ бахъом сты
Евроцæдисы лидертæ коронавирусæй зианбавзарæг экономикæтæн æххуысы пъланыл æрныхас кæнын нæ бахъом сты

Евроцæдисы лидертæ  коронавирусæй  зианбавзарæг экономикæтæн æххуысы  пъланыл æрныхас кæнын нæ бахъом сты.

«Ройтеры»   информацийæ,   бадзырдты  дыккаг бон æнæпайдайæ  фæцис  æмæ  дискуси абон  сног уыдзæн.  Брюсселы  саммитыл  инциргонд  пълан экономикæмæ сæдæгай миллиард  евройы мобилизаци  домы.

Медийы  хъусинагæй,  саммитыл  Евроцæдисы  лидерты  æнæразыдзинад  тас хæссы  масштабон стимургæнæг фонд саразыны пъланæн, кæцыйæн йæ нысан у  коронавирусон инфекцийæ зианбавзарæг  уæнг бæстæты  экономикæты  размæлын кæнын.

Бюджеты фарстаты еврокомиссар  Йоханнес Ханнн   лидертæм æрсидтис  архайынмæ. Евроæдисы лидертæ 750  миллиард  евройы  фонд саразын  æмæ  2021-2027  азты 1  триллион  евройы  бæрц бюджетыл  нæ фидауынц.

Коронавирусон пандемийы  тыххæй,  Европæ дыккаг  дунейон  хæсты  фæстæ, сегасдæр масштабон экономикон шокы раз лæууы.