Евроцæдисы   цæстдарæг  мисси -  Важа Гаприндашвилийы ссæрибар кæнынмæ  гæсгæ, нæ  тæвд хахх   абон  сæумæрайсом фæактивон ис, цæстдарджытæ  афтæдæр уыдысты  Эргнеты
Евроцæдисы цæстдарæг мисси - Важа Гаприндашвилийы ссæрибар кæнынмæ гæсгæ, нæ тæвд хахх абон сæумæрайсом фæактивон ис, цæстдарджытæ афтæдæр уыдысты Эргнеты

Евроцæдисы   цæстдарæг  миссийы   архайджытæ  уыдысты  Эргнеты,  дохтыр Важа Гаприндашвилийы куы  ссæрибар кодтой  уæд – уый фæдыл  Евроцæдисы  цæстдарæг  миссийы хъусын кæнынц.

«Дохтыр Важа Гаприндашвилийы   ссæрибар кæнынмæ гæсгæ,  Евроцæдисы  цæстдарæг  мисси  цы  тæвд хаххæй  архайы   уый  фæактивон ис. Афтæдæр,  миссийы  цæстдарджытæ  уыдысты  бынатыл,  Эргнеты, Важа  Гаприндашвилийы  куы   ссæрибар кодтой  уæд»-  банысан кодтой  цæстдарæг миссийы.

Дохтыр Важа Гаприндашвили сæрибар у.

Важа Гаприндашвили мæййæ  фылдæр  рæстæджы дæргъы уыдис   оокупацион режиммæ  ахстæй.  Дохтыры  9  ноябры  æрцахстой.