Евроцæдисы цæстдарæг мисси мæнгæй æвдисы хуссарирыстойнаг медийы публикацигонд информацийы
Евроцæдисы цæстдарæг мисси мæнгæй æвдисы хуссарирыстойнаг медийы публикацигонд информацийы

20 майы  Хуссар  Ирыстоны   медийы  публикацигонд хъусинæгты мидæг Гуырдзыстоны  Ричард Лугары  номыл  æхсæнадон æнæнизхъахъхъæды иртасаг  центры фæдыл  æнæрастæй  æмæ  бынтон  мæнгæй  бавдыст æрцыд,  Хуссар Ирыстоны  администрацион  арæйнон  хаххы гæрон 26 апрелы Евроцæдисы  цæстдарæг  миссийы  архайд,  – уый фæдыл  дзырдæуы Евроцæдисы  цæстдарæг миссийы  фидиуæны  мидæг.

Оккупацигонд Цхинвалы райхъусын кодтой, цæмæй «Гуырдзыстонæй  ковидинфекцийы бахаст зæгъгæ  сæ æдасдзинадмæ  æртъхъирæн у».  Куырдиат, оккупацигонд  регионы  а.х. паддзахадон  æдасдзинады комитеты   сарызтой.  Информаци публикацигонд æрцыд бынæттон медийы.   Оккупацион  режимы  минæвæрттæ хъусын кæнынц, цæмæй  зæгъгæ «Тæссаг у  Гуырдзыстоны архайæг  Ричард Лугары  номыл лаборатори».

«Лугары номыл  æхсæнадон  æнæнизхъахъхъæды центры  кусджытæ  архайынц, Хуссар Ирыстоны  Республикæйы цæрджытæй  биологион æрмæг самал кæнын»,- хъусын кæнынц, а.х.  æдасдзинады комитеты. Оккупацион   режимы уæнгтæ  афтæдæр дзурынц, цæмæй зæгъгæ,  цалдæр  боны размæ, оккупацион  хаххмæ хæстæг  сфиксир кодтой  «гуырдзиаг хицæн  клиникæйы хæдтулгæтæ».

«Бынатмæ бацыдысты æдасдзинады комитеты  минæвæрттæ æмæ дзы  куыддæр фæзындысты афтæмæй,   Евроцæдисы цæтсдарæг миссийы  уæнгтæ æмæ гуырдзиаг  дохтыртæ,  уайтагъд  феддæмæ  сты  территорийæ.  Æдасдзинады  комитет, куры æмбæстæгтæй, ма сразы уой  гуырдзиаг фарсы  æнхъарæнимæ æмæ  ма бакомой   цыфæнды хуызы  медицинон иртасæны хайад  райсын», – дзырдæуы оккупацион  режимы  куырдиаты.

«Категорионæй нæ разы кæнæм  мæнг хъусинæгтимæ, кæцытæ  сты Евроцæдисы  миссийы ныхмæ æнæбæрнон  дезинформацийы  ноджы иу дæнц, хъусын кæнæм:

26 æмæ 27 апрелы мисси сдзуапп кодта   тæвд хаххы  активизацийæн  «сæрмагонд хæдтулгæты»  фæдыл,  кæцы  сразæнгард ис  йæ патрулы  фæстæ. Дзуаппæн, мисси  бамбарын  кодта. Афтæ  куыд  ныртæккæ  æмбарын кæны, цæмæй  банысангонд хæдтулгæтæ  уыдысты  тагъд медицинон æххуысы автомобильтæ.

Тагъд медицинон æххуысы хæдтулгæтæ  Евроцæдисы цæстдарæг миссийы  патрультимæ æмвæд сты  миссийы бындурæвæрд бонæй.  Уый у   рагафойнон сæрхизæны стандартон  мадзал. Нæ кусджытæм хъусдарды  фæдыл хæсы   хай у уый,  ома уыдон  уыдысты  Евроцæдисы цæстдарæг миссийы  æмкусджытимæ иумæ,  цæмæй  бахъуаджы цауы,   цырдæй  сæ бон  бауа, æмбæлгæйæ  баххуыс уын,  дæнцæн,  фæндагон-транспортон цауы рæстæджы.  Уый сæрмагондæй нысаниуæгджын  у, дард  рæтты, кæцы рæтты дæр тагъд медицинон æххус райсын  зын у», – банысан кодтой  Евроцæдисы цæстдарæг миссийы.

Сæ ныхæстæм гæсгæ,   26 апрелы  зæгъгæ,  территорийыл исты хуызы  сусæг змæлд,  иу исчи æмбæстагимæ контакт, кæнæ  цыдæр хуызæгтæ,  ничи амал  кодта.

Афтæма сæ ныхæстæм гæсгæ,   мисси зæгъгæ, æрвылбойнонæй  йæ цæст дары бынатыл уæвæг  уавæрмæ æмæ  йæ  ахаст у  объективон.

«Гуырдзыстоны Евроцæдисы  цæстдарæг мисси  æрвылбойнонæй   бæрæг кæны уæвæг уавæр бынатыл уæвгæйæ,  Хуссар Ирыстоны  администрацион  арæйнон  хаххы дæргъмæ. Нæ мисси иугæндзонæй  патрул кæны цæугæ  пандемийы  рæстæджы.   Хъуыддагмæ нæ  ахаст  у иттæг  объективон», – банысангонд у  Евроцæдисы  цæстдарæг  миссийы  фидиуæны.