Евроцæдис Уæрæсемæ, малайзиаг авиахаххыты хæдтæхæгы æрхауды хъуыддаджы æмкуысткæнынадмæ æрсидтис
Евроцæдис  Уæрæсемæ,  малайзиаг авиахаххыты  хæдтæхæгы  æрхауды  хъуыддаджы  æмкуысткæнынадмæ æрсидтис

Евроцæдис  Уæрæсемæ,  малайзиаг авиахаххыты  хæдтæхæгы  æрхауды  хъуыддаджы  æмкуысткæнынадмæ æрсидтис.  Уый фæдыл  еврокамисы   минæвар,  Майя Косянчич   райхъусын кодта.  Уый  ма афтæдæр  банысан кодта,  цæмæй «БУК»-ы  типы  зенитон-ракетон   сармадзаныл,  фæдагуырды  фарстытæн Уæрæсе зæгъгæ  дзуапп раттын  нæ  бахъом ис.

Цалдæр сахаты размæ,   Малайзийы, Украинæйы, Голландийы, Бельгийы  æмæ Австралийы  эксперттæ, 2014 азы  æрцæугæ авиакатастрофæйы  ног  детæлтты фæдыл  райхъусын кодтой.  Хыгъдлæвæрдмæ гæсгæйæ,   малайзиаг авиахаххыты  хæдтæхæг æрыппæрстой  уырыссаг  гарзджын тыхтæ.

2014 азы  17 июлы,   Куала-Лумпурæй   Амстердамы æрдæм тæхæг  бæлццонон  хæдтæхæгыл фехстой  «БУК»-ы типы  зенитон-ракетон  комплексæй.  Авиалайнер  сепаратистты  кантролгонд территорийыл,   сæрмагондæй  та  Первомайскоейы  хъæумæ  æввахс  æрхаудта.  Трагедийы рæстæджы  бартыл  уæвæг  298  адæймагæй  ничи аирвæрзт.