Евроцæдис райы, Турчы хицауа бæстæйы уæлвæтк уавæр кæй аивдта уый тыххæй
Евроцæдис райы,  Турчы хицауа бæстæйы  уæлвæтк уавæр кæй  аивдта  уый тыххæй

Евроцæдис  райы  Турчы  хицауады  уынаффæйæ,   бæстæйы уæлвæтк  уавæры  аивыны  фæдыл, фæлæ  организацийы   мæстыдзинад æвисынц   фæткдар партийы  ног иницативæйы тыххæй,  кæцы   йæ хъуыдйы  дары   антитеррористон   закъондæттынады  фæкарздæр кæнын.  Фидиуæны  сарызта  Евроцæдисы  пресс-нымæрдар  Майя  Косьянчич.

Йæ  информацийæ,   Евроцæдис   ныфсджын у  ома Турк  аудздзæн  тæрхонон  реформæ   Евроцæдисы   рекомендацитæ зæрдыл даргæйæ, афтæдæр Венецийы  камисы æмæ  æндæр уагдæтты  рекомендацитæ.  Евроцæдисы  афтæдæр   ныфсы  цæстæй  кæсынц,   ома   уæлвæтк  режимы аивыны  фæстæ, Турк   нæзагъд  ракæндзæн уыцы  мадзæлттыл,    кæцытæ æппæрццагæй  æндавынц   адæймаджы барты  хъахъъæд  цытмæ.

Бакой уын кæндзыстæм,  цæмæй  Турчы  уæлвæтк режимы æрбайстæуыд  2016 азы,    паддзахадон æфсæддон  фæлæдæхты архайдæй  цалдæр боны фæстæ.   Режимæ  æрбайстой  21  июлы  æмæ   йæ уый  фæстæ авд хатт  адарддæр кодтой.