Евроцæдис Гуырдзыстоны   Европаг Скъолайы   байгомы  тыххæй  фыссы
Евроцæдис Гуырдзыстоны Европаг Скъолайы байгомы тыххæй фыссы

Евроцæдисы  фæсарæн хъуыддæгты уагдон  Гуырдзыстоны   Европаг Скъолайы   байгомы  тыххæй  фыссы.  Евроцæдисы  æддагхъуыддæгты уагдоны  ахæлиугонд  прессрелизы  куыд дзырдæуы   афтæмæй,   ай у  фыццаг европаг скъола  кæцы  байгом ис  Евроцæдисы арæнты æддæйæ.

Скъолайы  байгом у   Гуырдзыстоны  хицауады  æмæ   Евроцæдисы   иумæйаг   инциативæ  æмæ   ахуыргæнæндоны   ахуыры фадат   уыдзæн   куыд  гуырдзиаг, афтæ æндæр  бæстæтæй  æвзонгтæн.

«Европаг   скъола  йæ фæдыл  цæуы  уникалон моделæн  кæцы  бындурæвæрд у  европаг  æмæ  æхсæнадæмон хæзнатыл –  мультикультурондзинад,  сабырад  æмæ толерантондзинад», – дзырдæуы   пресс-релизы.

Европаг   скъолайы  арæзтадæн бындур æрывæрдтой  Гуырдзыстоны премьер-министр   Гиорги Гахариа, ахуырады  министр  Михеил Батъиашвили, Тбилисы мэр Къаха Каладзе  æмæ европагæй  сыхгон политикæйы  æмæ ауæрæхы  фарстаты еврокамисар  Йоханнес  Ханн.

«Куыд  евроцæдис афтæ  мæхи приоритет  дæр у  Евроцæдисы  сыхаг бæстæты  æвзонг адæмæн баххуыс кæнын, цæмæй  сæм   фылдæр фадæттæ  фæзына, райсой  ног фæлтæрдтæ,   кæцытæ  сын  куыст ссарынæн уыдзысты ахъаз.  Уый аххосæй  мах  Скæсæн  Партнерады программæйы   æвзонгты  æмæ  ахуырады   финансдзинад  фæдывæр кодтам æмæ æрцыдыстæм нысаниуæгджын   фæстиуджытæм.  Европаг   скъолайы байгом  у иттæг нысаниуæгджын дæнц  нæ  аууæлы, ома  æмбæстæгтæ  рахатинаг   пайдайыл æххæст хъуамæ  уой»- райхъусын кодта Йоханнес  Ханн.

Пресс-релизы  куыд дзырдæуы   афтæмæй,   скъола  Тбилисмæ хæстæг  уæвæг лисийы  цады цур уæвы, æмæ  фыццаг ахуыргæнинæгты 2023  азы райсдзæн. Сæ нымæцы уыдзысты   гуырдзиаг. Сомихаг, азербайджайнаг, белорусаг,  молдовайаг  æмæ украинаг  æвзонгтæ.

«Инициативæ  æнцойæвæрд у  2018 азы   сентябры  райдайгæ  стипендион   программæйыл,  кæцы  фадат  дæтты  17-18  аздзыд   æывзонгтæн гуырдзыстонæй,  Сомихыстонæй,  Азербайджанæй, Белорусæй, Молдовæ æмæ Украинайæ  ацæуой  академион   программæ,  кæцы арызт у  Европаг Скъолайы  системæйæ», – банысангонд у  пресс-релизы.

Евроцæдисы æддагполитикн уагдоны  ахæлиугонд   пресс-релизы  куыд у  банысангонд афтæмæй,   Гуырдзыстонмæ визиты рæстæджы  еврокамисар  Йоханнес Ханнæн  уыд  фадат  фембæлдаит  Гуырдзыстоны премьер-министр  Гиорги Гахариаимæ,  афтæдæр Гуырдзыстоны  фæсарæн хъуыддæгты  министримæ,  парламентартимæ æмæ «Гуырдзиаг Бæллиццы»  сæрдаримæ,  кæцытыл Гуырдзыстоны цæугæ   фæзындтæ афæлгæстой.