Евроцæдис –Гуырдзыстонæн 20 милуан  евройæ фылдæр ног уæлрадон æххуысы нысанæн рауæлдай кæндзæн æмæ уæвæг программæтæй 70 милуан евройæ  фылдæр æрвыст æрцæудзæн  кризисыл фæтыхуыны  æрдæм
Евроцæдис –Гуырдзыстонæн 20 милуан евройæ фылдæр ног уæлрадон æххуысы нысанæн рауæлдай кæндзæн æмæ уæвæг программæтæй 70 милуан евройæ фылдæр æрвыст æрцæудзæн кризисыл фæтыхуыны æрдæм

Евроцæдисы минæварад  Гуырдзыстоны хъусын кæны,  цæмæй  æххуыс  кæны бæстæтæн коронавирусы кризисæй расайгæ  быцæусидтæн  бафæразын.  Организацийы  ахæлиугонд  куырдиатмæ гæсгæйæ,  Гуырдзыстонæн  уый нысан кæны 20 милуан  евройæ фылдæр  суммæ рауæлдай  кæнын   ног   сæрмыгонд æххуысæн.  Афтæдæр æрцæудзæн  ацы рæстæгмæ  архайæг программæтæн рахицæнгонд  70 милуан  еврройæ  фылдæр суммææйы  æрвыст  кризисыл фæтых уыны нысанæн æмæ   æнæ иу регионалон   фонды  рæувадатдæр скæнынæн.  Уый у   Скæсæн Партнерадæн  нысангонд æххуысы   стыр пакеты  иу  хай, кæцы  æххæссы  140   милуан  евройы бæрц ног  æххуысмæ æмæ Скæсæн партнерады бæстæтæн  рауæлдайгонд 700  милуаны  онг евройы  æххуыс  фæхæццæ кæнын.

Гуырдзыстоны Евроцæдисы минæвар Карл Харцелл  та райхъусын кодта, цæмæй  зæгъгæ  ацы  вазыгджын   афон, Евроцæдис  Гуырдзыстонæн  йæ  фарсмæ  лæууы.

«Абон мын тынг цин у  райхъусын кæнын, Евроцæдисы  специалон   солидарондзинады  пакеты тыххæй,  кæцы Гуырдзыстонæн   коронавирусы быцæусидтæн бафæразынæн æмæ бахъом уыны  хъуыддаджы  баххуыс уыдзæн. Цæмæй  æнæаргъæвгæ реагир кæнынад  ма бафæстиат кæна, уый  тыххæй Гуырдзыстонæн  рæувадат уыдзæн  Скæсæн Партнерады  бæстæтæн рахицæнгонд   30 милуан  евроæйы   аргъы   регионалон уæлрадон медицинон  ифтонггæрзтæ æмæ  аппаратурæ,  цахæм дæр сты  маскæтæ,  халаттæ,  рæуджыты  аразгйæйæ  вентиляцийы   аппараттæ,   лабораторион комплекттæ; Евроцæдис Гуырдзыстонæн  афтæдæр баххуыс  кæндзæн  эксперттимæ  кнсультацитæй. Фæдылдзог мæйты  Евроцæдис 70 милуан евройæ  фылдæр суммæ  æрымбырд кæндзæн, цæмæй  баххуыс кæна  гуырдзиаг бизнестæн, кризисы фæстæ  сæ компаниты  баахъаз кæнын æмæ сæндидзын кæныны  нысанæн  гранттыл æмæ ларийæ кредитты, рæувадат дæр скæныны фæрцы. Уымæй  уæлдай  ма, æввахс  мæйты  Гуырдзыстоны  пълан кæнæм  20 милуан  Евроæйы   бæрцæй  уæлæмхас   бынæттон  нысанон   грантон   программæтæ  райдаын. Ныфс нæ ис  æмæ  уырнæг стæм,  цæмæй  ацы  мадзæлтты  фæрцы, рахатиинаг  хайбавæрд скæндзыстæм   уыцы  цæугæ  хиуылнæауæрдгæ  куысты,  кæцы  кæнынц Гуырдзыстоны хицауад  æмæ   цæрджытæ»- хъусын кæны Карл Харцелл.