Евроцæдис Гурдзыстоны хъæууон хæдзарады æмæ хъæуты рæзынадæн уæлæмхасæй 55  милуан евро  рауæлдай кодта
Евроцæдис Гурдзыстоны хъæууон хæдзарады æмæ хъæуты рæзынадæн уæлæмхасæй 55 милуан евро рауæлдай кодта

Евроцæдисы ENPARD –ы программæйы  цыппæрæм фазæ  Гуырдзыстонæн уæлæмхасæй  баххуыс уыдзæн   хæлцады æнæзианы æмæ  стандарттæ æрфидар кæныны, цæмæй  бæстæйы  хуыздæр хъахъхъæд уа  фæлхасгæнджыты бартæ  æмæ  сырæза гуырдзиаг продукцийы Евроцæдисы бæстæтæм  экспорты потенциал – уый фæдыл  дзырæдуы  Гуырдзыстоны Евроцæдисы  минæварады  ахæлиугонд  информацийы.

Афтæма сæ  хъусинагæй, программæ  адарддæр кæндзæн Гуырдзыстоны  хъæууон хæдзарад  тынг кæнынæн æххуыс  æмæ  хъæуты цæрджыты  уавæртæ фæхуыздæр кæнынæн къух аразын.

Хъæуты æмæ  хъæууон хæдзарад рæзынады Европæйы  сыхагон  программæ (ENPARD  IV) –ы  цыппæрæм фазæ  райдайыныл, кæцыйы бюджет   55 милуан евройы бæрц у,  къух бафыстой  гуырдзыстоны  Евроцæдисы минæвар  Карл Харцелл  æмæ  Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты  министры хæстæ æххæстгæнæг Давит Залкалиани.

Гуырдзыстоны  евроцæдисы  минæварады  æмбарынгæнæнæй, ацы æххуыс  Евроцæдисы æмæ ИНО-йы  балæй, Гуырдзыстонæн «Ковид-19»-ы  æртъхъирæнтыл фæтыхуыны нысанæн рауæлдайгонд  бирæ  стырдæр  æххуысы  хай у.