EURACTIV – «COVID-19»имæ тох æмæ бордеризаци: Гуырдзыстон дæнцон у
EURACTIV – «COVID-19»имæ тох æмæ бордеризаци: Гуырдзыстон дæнцон у

«Евроактивы»  банысан кодтой, ома Гуырдзыстон дæнцон бæстæ у «Ковид-19»-ы ныхмæ  тохы  фæдыл.

Рауагъдад  куыд  фыссы,  афтæмæй,  зæгъгæ «Проуырыссаг  сепаратисттæ  Уæрæсейы  оккупацигонд   регионты «Ковид-19»-ы  эпидемийæ сæрмагонд нысæнттæн,  бордеризаци адарддæр кæнынæн  пайда кæнынц, фæлæ ацы   регионты  цæрæг адæймæгтæ,   пандемиимæ  тохы рæстæджы, Гуырдзыстоны  æнтысты  стыр ныфс  дарынц».

Рауагъдады  бахахх кодтой, ома  Уæрæсейы оккупацион тыхты æрдгæй  «æнæлегалон  бордеризаци»  адарддæры  ноджы иу дæнц, æхсæнадæмон дзыллæ, хъæу  Тахтъисдзирийы  цур  федта.

«Евроактивимæ» интервьюйы рæстæджы, Европæйы сыхы, конфликтты аскуыддзагыл  кусæг организаци «Линкс Европæйы»  директор, Денис Самути  куыд дзуры  афтæмæй,  зæгъгæ  Уæрæсейы  рдгæй   оккупацигонд  адæймæгтæ, Тбилисæй  ист  информацимæ лæмбынæг сæ хъус дарынц.

«Афтæмæй, Гуырдзыстоны  хицауады æмæ  гуырдзиаг адæмы  архæйдтæ, æнæрайхæлд  конфликтты   контекстæй  дæр  нысаниуæгджын сты», – хъусын кæны  Самути.

Афтæма йæ ныхæстæм гæсгæ,   пандемиимæ тохы, Гуырдзыстоны æнтыстытæй   æппæт Дунейы  æппæлынц.  Уый тыххæй  дæр гæнæ ис,  уый   бандава оккупацигонд территоритыл  цæрæг æмбæстæгты  ахастмæ.

«Конфликтты дæргъвæтин  аскуыддзаг  баст у ууыл, цæмæй  кæд  рахатдзысты  абхазæгтæ æмæ ирæттæ уый, æмæ   гуырдзиæгтимæ  комфортонæй  цæрын сæ бон кæй у   иу  паддзахады уый, æмæ ацы  пандемийы  фæстиуæгæн,  гæнæн ис ахæм фадат   бирæ  реалондæр суа. Уымæн та æнæмæнгхъæугæ  у  гуырдзиæгты æрдгæй  тыхархайд», –   дзырдæуы   статийы.

«Евроактивы» банысан кодтой уыцы  факт дæр, ома  Гуырдзыстоны   фидыд æмæ  æмбæстагон æмсæрады  фарстаты  паддзахадон   министр фехъусын кодта, цæмæй Тбилис, оккупацигонд территоритыл цæрæг  сæрмагонд  æмбæстæгтæн  æххуысмæ  цæттæ  кæй  у,  уый.

«Коронавирусæй фæрынчынуæвæг, иу  абхазаг сылгоймагæн схос кодтой  Тбилисы  контролы  лæдбар  территорийыл.  Хуссар Ирыстон та, цы ран коронавирусы  цаутæ нырма нæ  рабæрæг кодтой,  бынтон æрыхгæдта  арæнтæ», – фыссы автор.

«Диссаг у, цæмæй  глобалон пандемийы  рæстæджы дæр,  Уæрæсе  æмæ Хуссар Ирыстоны йæ  дæлбар  режим, дарддæр  кæнынц  ахæм  активондзинад, кæцы  мæты  æфтауы  æхсæнадæмон   дзыллæйы», – хъусын кæны  Самути.

Афтæма,  йæ  ныхæстæм гæсгæ,  зæгъгæ Гуырдзыстон   эпидемиимæ  дæнцон тох адарддæр кæнын  куы  бахъома  уайид, уæд «нысаниуæгджынæй  фæхуыздæр уаид  Гуырдзыстоны  имидж  регионы».

«Абхазы æмæ  Хуссар Ирыстоны  цæрджытæ, лæмбынæг сæ  хъус дарынц,  иннæ Гуырдзыстоны фæзындтæ  куыд  тынг  кæнынц  уымæ», – фыссы «Евроактив».