ЕРР сæрдар Джозеф Даули, гæртамисæг æмпартийæгтæн сæ ‘ххæстбартæ æруромын домы
ЕРР  сæрдар  Джозеф  Даули,   гæртамисæг  æмпартийæгтæн   сæ  ‘ххæстбартæ  æруромын домы

«Европæйы   Адæмон  Партийы (ЕРР)  сæрдар  Джозеф  Даули,   гæртамисæг  æмпартийæгтæн   сæ  æххæстбартæ  æруромын домы.  Уый фæдыл  дзырдæуы  Даулийы  партийы  официалон   веб-фарсыл  публикацигонд  фидиуæны.

Хъуыддаг æххæссы хæдбар экспертты  публикацигонд  хыгъдлæвæрдмæ,  кæцыйы мидæг дзырдæуы  евросоветы   парламентон ассамблейы  уæнгты  æрдгæй,  Азербайджаны хицауады  интересты лобирдзинады бæсты,   солидон  суммæ æмæ  æндæр лæвæрттæ кæй истой  уый фæдыл.

Хыгъдлæвæрдмæ хаст æрцыдысты  «Европæйы Адæмон партийы» раздæры  æмæ архайæг уæнгтæ дæр.  Сæ нымæцы  Евросоветы парламентон ассамблейыл   раздæры  президент  Педро  Аграмунт æмæ уыцы ассамблейы  «Европæйы Адæмон партийы»  фракцийы  раздæры сæрдар  Лука Волонте.

«Европæйы Адæмон партийы»  лидеры  ныхæстæм гæсгæ,   хыгъдлæвæрды мидæг  банысангонд уæнгтæ, Европæйы  Советы  парламентон  ассамблейы  авторитетæн йæ бын къахынц.

«Европæйы Адæмон Партийæн»  нулыйас толерантондзинады политикъæ ис  этикæмæ цы не мбæлы, коорупцион, гæртамисыны  кæнæ интересты конфликты  кæй  раргом кодтой  уыцы уæнгты æрдæм» з дзырдæуы  фидиуæны.

Евросоветы парламентон ассамблей  коррупцион  скандалмæ гæсгæ  резолюцийы  проекты халæппæрстмæ 26 апрелы рахæсдзæн.