Екатерина Захарьева -  Гуырдзыстоны хицауады политикъæ  æнцойæвæрд у  гуырдзиаг  адæмы европаг барæвзарыл
Екатерина Захарьева - Гуырдзыстоны хицауады политикъæ æнцойæвæрд у гуырдзиаг адæмы европаг барæвзарыл

Болгарийы фæсарæн хъуыддæгты министр Екатерина Захарьева, Батумы  æхсæнадæмон конференцийы фыццаг сессийыл  ралæуды рæстæджы банысан кодта  «Скæсæн Партнерады» инициативæйы æнтыстытæ.

ЙÆ ныхæстæм гæсгæ,   ацæугæ  19 азы мидæг  партнер бæстæтæ,  сæ нымæцы Гуырдзыстон дæр  къух бафыстой  ассоциацидзинады фæдыл бадзырдыл,  ацы  бæстæты æмбæстæгтæм лæвæрд æрцыд  Евроцæдисы  бæстæтæм  æнæвизæ  змæлды  режим,  нысаниуæгджынæй райрæзтис  сæ базарад  Евроцæдисимæ,  мингай  студенттæ   ахуыр кæнынц  Евроцæдисы,  фæлæ сеппæтæй  ахсджиаг дæр уый  у æмæ,  ивд æрцыд  æмбæстæгты  менталитет.

«Ацы  адæм абон  тырнынц  демократимæ, барадмæ,  дзырды сæрибардзинадмæ æмæ  раст уый  тыххæй мæнмæ гæсгæ, «Скæсæн Партнерад» у –   иттæг æнтыстджын программæ» – райхъусын кодта Захарьева.

Йæ  хъуыдымæ гæсгæ,  иуæй-иу сегасæй   стырдæр быцæусидт,  кæцыты раз «Скæсæн партнерад»  лæууыд,  у ахæм цæрынхъом  æхсæнад саразын,  кæцы йæхæдæг  исдзæн сæрмагонд  уынаффæтæ.

«Гуырдзыстоны президент, премьер-министр, æмæ парламенты спикер, афтæма  фæсарæн хъуыддæгты министр, сæ ралæудты  иудадзыгæй дзурынц  Гуырдзыстоны барæвзары тыххæй. Афтæ иу фæзæгъынц: «Нæ барæвзар –  Европæ». Æмæ æцæгæй дæр,  никæмæн йæ бон у  уæ адæмы  бæсты   барæвзар саразын,  æнæкæсгæ  уымæ  чи у  уæ сыхаг. Уæрæсе дæр  хъуамæ бамбара,  цæмæй ахæм политикæ  Уæрæсейы  ныхмæ нæу, уый  у  сыхагон политикъæ,  барæвзар адæмты æмæ  хицауадты,  сæрмагонд  бæстæтимæ баст,  адæмты æхсæн  цæдисты  æмæ ахастыты  æрфидары  политикъæ»- райхъусын кодта Болгарийы вице-премьер.