ЕÆÆО-ы Стыр Британийы делегацийы къухдариуæггæнæг – Гуырдзыстоны нырма чин æ уыдыстут, æнæмæнгæй  ныцæут уырдæм
ЕÆÆО-ы Стыр Британийы делегацийы къухдариуæггæнæг – Гуырдзыстоны нырма чин æ уыдыстут, æнæмæнгæй ныцæут уырдæм

Гуырдзыстон бирæгъуызон æмæ цымидисон  бæстæ у, уым чин æ уыдыстыт нырма, æнæмæнгæй  абалц кæнут Гуырдзыстонмæ –  уый фæдыл ЕÆÆО-ы  парламентон ассамблейы  фæлгæтты  гуырдзиаг  парламентаризмы  100 азы  сæрмæ  нывонд  мадзалыл   Стыр Британийы  делегацийы  къухдариуæггæнæг  Марк Притчард  загъта.

Притчард Гуырдзыстон,  куыд цымидисон историйы æмæ сæны  незаманы   культурæ кæмæ ис  ахæм бæстæйы  нысаниуг бахахх кодта.

«Гуырдзыстон бирæгъуызон  æмæ цымидисон бæстæ у  йæ  историйæ æмæ   незаманы  сæны  культурæйæ, фæуазæг ут  Гуырдзыстонмæ,  уым нырма  чин æ уыдыстут уыдон» –  райхъусын кодта  Притчард.

Гуырдзиаг парламентаризмы 100 азы  сæрмæ  нывонд  мадзал ацыд, кæцыйы  раныхасгæнджытæ уыдысты  Гуырдзыстоны делегацийы  къухдариуæггæнæг СОпио Кацарава, ЕÆÆО-ы парламентон ассамблейы   президент  Гиги Цъеретели, Германийы делегацийы  къухдариуæггæнæг Дорис Барнет æмæ Стыр Британийы  делегацийы  къухдариуæггæнæг  Марк Притчард. Мадзалыл  сырæзт фото-равдыст, 100 азы  парламентаризмы фæдыл фильмы равдыст æмæ  гуырдзиаг сæны дегустаци.

Мадзалыл уыдысты   Америкæйы, Австрийы, Германийы, Стыр Британийы, Украинайы, Словакийы, Чехийы, Сербийы, Азербайджаны æмæ æндæр бæстæты парламентартæ.