ЕÆÆО-ы  архайæг сæрдар Мирослав Лайчак  уыдис оккупацион хаххы  арæнгæрон
ЕÆÆО-ы архайæг сæрдар Мирослав Лайчак уыдис оккупацион хаххы арæнгæрон

ЕÆÆО-ы  архайæг сæрдар, Словакийы  Республикæйы  æддæг æмæ   европаг  хъуыддæгты министр  Мирослав Лайчак  уыдис оккупацион хаххы  арæнгæрон.

«Мæ фыццаг æрлæууд  Гуырдзыстонмæ визиты рæстæджы –  уыдтæн  администрацион арæнон хаххы  цур, цæмæй  мæхи цæстæй федтаин  уæвæг уавæр» –  фыссы  Лайчак  «Твиттеры».

ЕÆÆО-ы архайæг сæрдар  Гуырдзыстонмæ официалон  визитæй  знон фæуазæг.

Дыууæбонон визиты  фæлгæтты,   Мирослав Лачак  фембæлдтæ  сараздзæн  Гуырдзыстоны президент Саломэ Зурабишвилиимæ, премьер-министр  Мамука Бахтадзеимæ, парламенты сæрдар  Ираклий Къобахидзеимæ, фæсарæн хъуыддæгты министр   Давит Залкалианимæ æмæ   фидыды æмæ æмбæстагон æмсæрады  фарстаты  паддзахадон министр  Кетеван Цихелашвилимæ.