Джуаншер Бурчъуладзе æмæ  Теа Ахвледиани  Шиндисы хъайтарты мемориалмæ дидингуытæ бахастой
Джуаншер Бурчъуладзе æмæ Теа Ахвледиани Шиндисы хъайтарты мемориалмæ дидингуытæ бахастой

Шиндисы хæсты  азысæрмæ гæсгæ,  Шиндисы уæвæг мемориалы цур  2008 азы  Уæрæсе-Гуырдзыстоны  хæсты  рæстæджы  хъæу  Шиндисы  цур хъайтаронæй   мард   гуырдзиаг  æфсæддæттæн сæ ном ссардтой.

Гуырдзыстоны хъахъхъæнынады  министр Джуаншер Бурчъуладзе  æмæ  фидыды æмæ æмбæстагон æмсæрады  фарстæты  паддзахадон министр   Тея Ахвледиани, Гуры, Шиндисы мемориалмæ  дидингуытæ бахастой.

Уыцы бынат, цы ран  13 азы размæ  17  æфсæддон  хъайтарта сæхи снывонд кодтой,  цæрджытæ  хæссынц дидингуытæ. Бынатыл сты  Фæмардуæвджыты  бинонтæ æмæ  хæстæджытæ.

Уыимæ иумæ хъахъъхæнынады министр   абон банысан кодта, цæмæй   кæстæр сержант  Александре Онианийæн,  бæрзонддæр паддзахадон хорзæх,  Гуырдзстоны  националон хъайтары орден æрцыд лæвæрд.

Шиндисы хæст уыд 2008 азы  11 августы.  Уырыссаг  æфсæддон хайадимæ  æнæмбæрц тыхтæй   хæсты  рæстæджы  17   гуырдзиаг æфсæддон амард – Александре Ониани, Эмзар Цъилосани, Вепхиа  Джишкариани, Звиад  Кацадзе, Теймураз  Беридзе, Илиа Габуниа, Илиа  Шехълашвили,  Ираклий Джанелидзе, Каха Кошадзе, Леван  Мелкадзе,  Марлен  Барамиа,  Михеил  Двалишвили, Николоз Порчхидзе, Роман Зоидзе, Руслан  Цъуладзе, Феликс Какауридзе æмæ Шмаги Купатадзе.