Джордж Кент -  Гуырдзыстоны  фидæн  барæныл æвæрд у
Джордж Кент - Гуырдзыстоны фидæн барæныл æвæрд у

Мæ  хъуыдымæ гæсгæ, Гуырдзыстоны хицауад  рискы бын кæны  уыцы  фæнд, кæцы  бæтæмæ дарынц   Америкæйы  Сенаты –  уый фæдыл  АИШ-ы   паддзахадон  нымæрдары  хæдивæг  Джордж Кент  «Мерикæйы Хъæлæсимæ» эксклюзивон  интервьюйы  дзуры.

Кент куыд загъта афтæмæй,   зæгъгæ «Гуырдзиæгтæ  хъуамæ  бамбарой, цæмæй ис æнтысты  националон   проект».

«Ай та нысан кæны  цæмæй  ма хъуамæ архайай  дæ  политикон   ныхмæлæуджыты кæронмæ скуынæг кæнын. Политикæ  у компромиссты  руаджы. Хъуамæ   бантыса фæдæны тыххæй  бафидауын  æмæ бæстæ  хъуамæ  æрыздæха  уыцы  быцæусидтытæн фæразондзинадмæ, кæцытæ  ис  бæстæйы раз»- банысан кодта  Кент.

Атæма  йæ ныхæстæм гæсгæ, зæгъгæ бстæйæн, ныр сегасдæр ахсджиаг у  рæзынад.

«Гуырдзыстонæн  тарæзыл ныр  æвæрд у  уыцы   фидæны  даддæрдзу, кæцыйы тыхæхй  йæ  лидертæ дзурынц, цæмæй   сæ  зæгъгæ  бæстæйæн  фæнды.   Реформæты  ауадзыны руаджы   хъуамæ сæвзæра  ситуаци, бæстæйæн  куы бауыдзæн йæ бон размæцыд  æмæ  йын уыдзæн сæрмагонд фидæны  сывзарыны  фадат.  Цæстæйуынгæ уый, цæмæй   æнтыстмæ æрцæуынæн   Гуырдзыстонæн æнæмæнгхъæугæ у   бындурон   æвзарæнон  системæйы  реформæ  æмæ  тæрхонон системæйы реформæ. Тæрхондоны  реформæ  абсолютонæй  критикон у  бæстæйы  æнтыстæн» –   хъусын кæны  Джордж Кент.

Фарстыл  куыд ис гæнæн  апарахат уа  Америкæ-Гуырдзыстоны æмахаст уыцы цауы, кæд бæстæйы  демократийы гъæд  нæ  сырæздзæн  уыцы фоныл,  политикон  быцæудзинад  мæйтæ куы  даргъ кæны, Джордж Кент дзуапп ратта:

«Фыццаджы дæр  зæгъин, байхъуысты рæстæджы сенатор Ришæн цы загътон уый.  Кæронмæ  цыт  кæнын  нæ  Конгресы, нæ  Сенаты  æххæстбартæн. Уырдæм хауынц,  бюджеты  сбæлвырды   æмæ   æххуыс райуæрсты  æххæстбартæ.  Америкæйы Конгресс Гуырдзыстонмæ гæсгæ  тынг  парахат уыдис. Хæдбарад  ногæй  сфидар кæныны фæстæ  Америкæ Гуырдзыстонæн фондз æмæ æрдæг миллиардæй  фылдæр  баххуыс кодта.   Ныр  æрвылазонæй  135  милуан долларæй  æххуыс кæнæм.  Уый  у   администрацийы нæ фæлæ  Конгрессы  уынаффæ.  Мæ хъуыдымæ гæсгæ,   Гуырдзыстоны хицауад рискы  раз æвæры  уыцы  дзæбæхы  фæнд, сенаторты – кæцытæ  Гуырдзыстонæн афтæ  баххуыс кодтой, уыцы  цауы  кæд æмæ хъæугæ  къахдзæфтæ  нæ саразой.  Критиконæй  нысаниуæгджын  у   Гуырдзыстоны   лидертæ  уый  бамбарой, цæмæй   не æнхъæлц у ахæм,  кæронмæ  æрцæуой, бафидауой  æмæ  ауадзой  реформæтæ  уымæн, цæмæй   бæстæ размæцыды хъом  уа» –  банысан кодта Джордж Кент «Америкæйы Хъæлæсимæ» интервьюйы.