Джон Болтон Мамука Бахтадзеимæ  фембæлды тыххæй «Твиттеры» фыссы - Премьер-министримæ  мын знон  диссаджы  фембæлд  уыд
Джон Болтон Мамука Бахтадзеимæ фембæлды тыххæй «Твиттеры» фыссы - Премьер-министримæ мын знон диссаджы фембæлд уыд

Æдасдзинады  фарстаты   АИШ-ы  президенты, Дональд Трампы  уынаффæгæнæг   Джон Болтон Гуырдзыстоны  премьер-министр  Мамука Бахтадзеимæ  фембæлды  тыххæй, социалон хызаг  «Твиттеры» фыссы.

Вашингтоны Джон Болтоны æмæ   Мамука Бахтадзейы  фембæлд, АИШ-Гуырдзыстоны   стратегион  партнерады   хартийы   къухæвæрды  дæс  азы сæрмæ нывонд   мадзалы фæлгæтты  сырæзт.

«Премьер-министр Мамука Бахтадзеимæ  мын знон  диссаджы  фембæлд  уыд, кæцы  АИШ-Гуырдзыстоны  стратегион  партнерады   дæс  азы  сæрмæ нывонд уыдис», – фыссы   Джон Болтон.

Болтонимæ  фембæлды  размæ,  Гуырдзыстоны премьер-министр АИШ-ы  паддзахадон  нымæрдар Майк Помпеоимæ фембæлд.