Джо Байдены æмæ Владимир Путины  фембæлды размæ Энтони Блинкен  Владимир  Зеленскиимæ телефонæй ф æныхас кодта
Джо Байдены æмæ Владимир Путины фембæлды размæ Энтони Блинкен Владимир Зеленскиимæ телефонæй ф æныхас кодта

Джо Байден æмæ Владимир Путины æхсæн плангонд  бадзырдты агъоммæ, АИШ-ы  паддзахадон нымæрдар Энтони Блинкен, Украинайы  президент  Владимир Зеленскиимæ  телефонæй фæныхас кодта.

Паддзахадон  департаменты хъусинагæй,   президент  Байдены, президент путинимæ  бадзырдты размæ,   Энтони Блинкен   Владимир Зеленскийæн сбæлвырд кодта АИШ-ы  æнæцудгæ  фарсхæцын  Украинайы  суверенитет, хæдбарад æмæ территорион æнæхъæндзинадæн  Уæрæсейы  агрессийы ныхмæ.

АИШ-ы  паддзахадон нымæрдар  æмæ Украинайы  президент  æрныхас кодтой Донбассы  конфликт  сабырæй  æмæ  дипломатонæй  аскуыддзагы  æмæ  æхсæнадæмонæй  нымад арæнтыл, сæ нымæцы  Хъырымыл  Украинайы  суверенитеты æххæстæй  сæндидзын кæнын æнæмæнгхъæуындзинадыл.

Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ  Украинайы   фæсарæн хъуыддæгты министр  Дмитро Кулеба  Украинаг  медиимæ  ныхасы  куыд  райхъусын кодта, уымæ гæсгæйæ, Владимир Путинимæ  онлайнфембæлдты фæстæ, Джо Байден бадзырдтæ  ауадздзæн  Владимир Зеленскиимæ.