Джо Байден хъусын кæны, цæмæй  йæ европаг турнэйы  нысан у Дунейы  демократиты иудзинад фæтынг кæнын
Джо Байден хъусын кæны, цæмæй йæ европаг турнэйы нысан у Дунейы демократиты иудзинад фæтынг кæнын

Джо Байдены дзырдæй,  уый зæггъгæ  Уæрæсеимæ фæнды  стабилон  æмæ  прогноз саразын гæнæн цæмæн ис  ахæм   ахастытæ  сфидар кæнын, фæлæ  цæттæ у  Мæскуыйы  æрдгæй европаг  æдасдзинады æрдæм  цæуæг  быцæусидтæн сдзуапп кæнын.  Уый фæдыл АИШ-ы президент фæныхас кодта «Вашингтон Посты»  публикацигонд фыстæджы.

Статийы  Байден  ныхас кæны  уыцы фарстæтыл, кæцытæ  иннæ  къуырийы   Европæмæ  плангонед  визиты  рæстæджы  æмæ  Уæрæсейы президентимæ фембæлдыл  фæныхас кæндзæн.

АИШ-ы президенты дзырдæй,  «Вашнгтон æмæ йæ æмцæдисонтæ  иууон фронтæй   архайынц æмæ цæттæ  сты   сдзуапп кæнын  Уæрæсейæ, европаг  æдасдзинады æрдæм  цæуæг  быцæусидтæн, Украинайы ныхмæ Уæрæсе цы аргесси æххæст кæны  уымæй  райдайгæйæ».

Байдены æмбарынгæнæнмæ гæсгæйÆ,   зæгъгæ АИШ цæттæ у  Уæрæсеимæ æмгуыстадмæ ахæм фарстæтыл, цахæмдæр сты  стратегион  стабилондзинад æмæ æхсæнгарзы  контроль.  Уый ма  бахахх  кодта  цæмæй  Путиниммæ фембæлд, АИШ-ы  æмцæдисонтимæ бадзырдты фæстæ  уыдзæн. Байдены дзырдæй,  зæгъгæ йæ  Европаг турнэйы  нысан у  «Дунейы  демократиты иудзинад фæтынг кæнын».

Джо Байден, АИШ-ы президентæй  сывзарыны фæстæ фæсарæнтæм фыццаг визитæй Европæмæ  10 июны  абалц кæндзæн.

Уый  хайад райсдзæн   Стыр Авды  саммиты  Стыр Британийы, афтæма НАТО-йы   лидерты саммиты, 16-æм июны та  Женевæйы  уый  Уæрæсейы  президентимæ фембæлдзæн.