Джо Байден – Гуырдзыстоны æмбæстæгтæ æмæ лидертæ, бæстæйы хæдбарад стынг кæныны æмæ  евро-атлантикон тырнынадты фæндагыл размæ рацыдыл куы хъуыды кæнут, уæд уæ зæрдыл дарут, цæмæй АИШ  уæ фарсмæ ис
Джо Байден – Гуырдзыстоны æмбæстæгтæ æмæ лидертæ, бæстæйы хæдбарад стынг кæныны æмæ евро-атлантикон тырнынадты фæндагыл размæ рацыдыл куы хъуыды кæнут, уæд уæ зæрдыл дарут, цæмæй АИШ уæ фарсмæ ис

Америкæйы Иугонд Штатты президент, Джозеф Байден, Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Гъарибашвилийæн Гуырдзыстоны Хæдбарады бон арфæ кæны.

Джозеф Байдены арфæйы мидæг дзырдæуы,  цæмæй иузæрдыш партнеры рангы, АИШ-æ демократон æмæ экономион рæзынады фæндагыл гуырдзиаг адæмæн æххуыс адарддæр кæндзæн.

«Гуырдзиаг нацийы  хæдбарад банысан кæнын нæу æрмæст бæрæгбонон датæ.  Уый дæтты историйы æмæ аргъдзинæдтæн  кад кæныны  фадат, кæцы æвæрд у  нацийы характеры мидæг.  Ацы датæ  дæтты фидæнмæ кæсыны  фадат дæр.  Гуырдзыстоны æмбæстæгтæ æмæ лидертæ, бæстæйы хæдбарад стынг кæныны æмæ  евро-атлантикон  тырнынадты фæндагыл  размæ рацыдыл куы хъуыды кæнут, уæд уæ зæрдыл дарут, цæмйæ  Америкæйы Иугонд Штаттæ  уæ фарсмæ ис. АИШ-ы æхсарджын гуырдзиаг æфсæдтæй  зæрдæрухс стæм, уымæн æмæ  Афгханистаны  территорийыл  уæгат-атлантикон альянсы  программæйы  нæ хæлæрттимæ иумæ  службæ  кæнынц æмæ  адарддæр кæндзыстæм  Гуырдзыстонæн æххуыс альянсы уæнгæй суæвыны  периоды.

Афтæма нымадмæ исæм æддæйæ цæугæ  уыцы  быцæусидтыты нысаниуæг, кæцы Гуырдзыстонæн ис.  Бæстæ дарддæр  кæны архайын цæмæй  сын бахъом уа.  Абон мæ хъуыдытæ  здæхт сты алы уыцы  адæймагмæ,  кæцытæ  Уæрæсейæ оккупацийы уавæрты  цæрынц  Абхаз æмæ  Хуссар Ирыстоны. Америкæйы Иугонд штаттæ Гуырдзыстоны территорион æнæхъæндзинад æмæ  суверенитеты æмзæрдæ  у æхсæнадæмонæй нымад арæнты.  Хæдбарады бонмæ гæсгæ уын мæ зæрдæ æппæты хузыдæр фæндтæ зæгъы сымах æмæ гуырдзиаг адæмæн» – дзырдæуы Джозеф Байдены  арфæйы фыстæджы.

Информаци хъусын кæны премьер-министры пресс-куыст.