Джеймс Аппатурайи - Гуырдзыстонимæ иумæйагæй нæ фæнды бирæ цыдæр саразын
Джеймс Аппатурайи -  Гуырдзыстонимæ иумæйагæй  нæ фæнды  бирæ  цыдæр саразын

Æнхъæлмæ кæсæм  фидæн азы НАТО-Гуырдзыстоны  иумæйаг ахуыртæм, æмæ нын ныридæгæн прогресс  дæр ис.  Ахуыртæм фидæн азы  НАТО-ы   уæнг бæстæты  егъау  хайадæй  ацæудзысты –  Уый фæдыл, Фыццаг Къаналæн, НАТО-ы   генералон нымæрдары   специалон  минæвар  Джеймс Аппатурайи  фехъусын кодта.

Джеймс Аппатурайи  куыд банысан кодта  афтæмæй, НАТО-Гуырдзыстоны  камисы рабатыл, САу Денджызы æдасдзинадыл æмæ ацы контексты  Гуырдызстонимæ æмкуысткæнынадыл   уыдис ныхас зæгъгæ.

«Тынг бирæ  идея ис,  ахæмтæ кæцыты Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министры хæдивæг Давит Дондуа Гуырдзыстоны  хицауады номæй бавдыста æмæ кæцытæ  сæххæст сты.  Имплементацийæн бахъуыд  бæрæг рæстæг, фæлæ  мах уый  сарызтам.  Тынг бирæ   цыдæр цæуы æххæст ацы æрдæм. Дæнцæн   донбыл хъаххъæды  ахуыртæ, НАТО-ы  минæварады нымæцы рæзт,  информацийы  хуыздæр  баивд. Мах уый алцыппæт сæххæст кодтам, фæлæ нырма ноджы  бирæ  идея ис   йæ  ранымады.  Сау Денджызы регионы   ситуаци æдасдзинады  æрдгæй,   раздæронæй  хуыздæр  у. Растæй  куы  зæгъон ай у  уыцы къабаз  кæцыйы  æрдæм нæ фæнды   хъусдард раздахын.  Дыккаг,  мах кæсæм НАТО-Гуырдызстоны   архайадон пакеты  имплементацийы  цыдмæ.  Ацы пакеты   элементты  хайы  æххæст кæныны  фæуыдзыстæм фидæны азы. Сарызтам æмсæ  сæхæст кодтам, цæмæ тырныдтам уый æмæ  баззайгæ  хайы  сæххæстæн та бахъæудзæн бæрæг рæстæг.  Æнхъæлмæ кæсæм фидæн   азы НАТО-Гуырдзыстоны   иумæйаг   ахуыртæм.  Ныридæгæн нæм ис  егъау прогресс. Ахуыртæ  фидæн азы НАТО-ы  уæнг бæстæты   егъау  хайадæй   ацæудзысты.  ФЕндзыстæм  цæмæй  цы  нæ бон   саразæм ногæй. Нæ нæ  фæнды  тагъд  кæнын.  Ныр райдайæм   ацы темæйыл уынаффæ кæнын»-   райхъусын кодта Аппатурайи.